ЦХИНВАЛ, 4 авг — Sputnik. Мæскуы æмæ Белграды хирургтæ Дзæуджыхъæуы сывæллæттæн скæндзысты 30 лæвар операцийы бæрц, хъусын кӕны 15 регион.
Дохтыртӕ Цӕгат Ирыстонмӕ цӕуынц 2013 азæй фæстæмæ, æмæ уæдæй нырмæ сывæллæттæн 150 фылдæр операцийы скодтой, 200 бæрц та — консультацитæ. Ацы хатт дохтыртæ бон кæнынц 5 операцийы бæрц.
"Къуырийы размæ республикæмæ æрцыд дыууæ специалисты: не‘мбæстаг — Мæскуыйы уæрæсейаг сывæллæтты клиникон рынчындоны сывæллæтты уролог-андролог Козырты Герман æмæ Савва Перовичы фонды дохтыр Белградæй Николай Станоевич. Специалисттæ фылдæр операци кæнынц дондзоны аиппыл", — загъта сывæллæтты ЦИ республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Икъаты Мурат.
Уый ма банысан кодта, раздæр ахæм диагнозимæ пациенттӕ ӕрвыст цыдысты сæйраг клиникæтæм.