Хуссар Иры рӕстдинонтӕ бабӕрӕг кӕндзысты сӕ фыдӕлты кувӕндӕттӕ Хъырымы

© Sputnik / Алайнаг епархийы пресс-службӕЧырыстон балц
Чырыстон балц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
7-13 августы динамонджытӕ, ахуыргӕндтӕ ӕмӕ ирон диаспорӕты минӕвӕрттӕ уыдзысты Хъырымы зӕххыл. Хуыцаумӕ скуывдты рӕстӕджы ӕрӕмысдзысты 2008 азы хӕсты амӕттӕгтӕ ӕмӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Хъырымы зӕххыл тохты цы ирон хӕстонтӕ фӕмард уыдон рухс нӕмттӕ.

ЦХИНВАЛ, 5 авг — Sputnik. Алайнаг епархийы хъӕппӕрисӕй Хуссар Ирыстоны рӕстдинонтӕ 7-13 агусты сараздзысты чырыстон балц Хъырымы алайнаг кувӕндӕттӕм, фехъусын кодта Sputnik епархийы динамонӕг фыд Яков.

Хуссар Иры рӕстдинонтӕ  сарӕзтой чырыстон балц Хъӕрӕсейы алайнаг кувӕндӕттӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры рӕстдинонтӕ сарӕзтой чырыстон балц Хъӕрӕсейы алайнаг кувӕндӕттӕм

Балцӕн канд монон нысаниуӕг нӕй, фӕлӕ ма зонадон-практикон дӕр — рӕстдинон балцы хайад райсдзысты Дзӕуджыхъӕуккаг Алайнаг епархи ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны археологи ӕмӕ историйы институты кусджытӕ.

"Мах, епархийы минӕвӕрттӕ ӕмӕ рӕстдинон ӕфсымӕрдзинад "Алайнаг дзуар" нӕ балц райдайдзыстӕм сабаты ӕхсӕвы Цхинвалӕй. Дзӕуджыхъӕуы ма нӕ балцмӕ ӕрбамбал уыдзӕн Цӕгат Ирыстоны археологи ӕмӕ историйы институты зонадон кусӕг Мамиты Михаил. Стӕй, ӕмбӕлццонты нымӕцмӕ бацӕудзысты Мӕскуы ӕмӕ Хъӕрӕсе-Черкесы ирон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ дӕр", — радзырдта фыд Иаков.

Хъырыммӕ балц саразыны хъуыды фӕзынд, ацы республикӕйы археологтӕ рагон алайнаг кувӕндон куы ссардтой, уый фӕстӕ.

Чырыстон балц Дзауы районмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алайнаг епархийы минӕвӕрттӕ чырыстон балцы ӕрзылдысты Дзауы районы сыгъдӕг бынӕттыл

"Хъырымы территорийыл тӕтӕр-монголы ӕрбабырсты агъоммӕ цардысты алантӕ. Ӕрӕджы уым ссардӕуыд алайнаг аргъуан. Мах фӕнд кӕнӕм бацӕуын нӕ фыдӕлты сыгъдӕг бынӕттӕм ӕмӕ ауадзын Хуыцаумӕ скуывдтытӕ", — радзырдта динамонӕг.

Фыд Иаков ма банысан кодта, сӕ балцы рӕстӕг кӕй ӕрхаудта Хуссар Ирыстоны ног историйы уӕззаудӕр трагедийы мысӕн бонтӕм.

"8 августы мах уыдзыстӕм Хъырымы зӕххыл. Уым мах ауаддзыстӕм скуывдтытӕ 2008 азы хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ссарыны нысанӕн, уымӕй дарддӕр ма Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты быдырты цы ирон хӕстонтӕ баззад, уыдонӕн сӕ фылдӕр бабын сты Хъырым ӕмӕ Къерчы донкъубалы, уыдонӕн дӕр ссардзыстӕм сӕ рухс нӕмттӕ", — бафтыдта йӕ ныхӕстӕм фыд Иаков.

Рӕстдинонты балц арӕзт цӕуы Алайнаг епархийы хъӕппӕрисӕй, паддзахады сӕргълӕууӕг, хъахъхъӕнынад ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрады финансон ӕххуысы фӕрцы.

Ног хабӕртты лентӕ
0