Гергиаг асиныл ссыгътой цырӕгътӕ хӕсты амӕттӕгты номарынӕн

© Sputnik / Алексей КовалевГергиаг асиныл ссыгътой цырӕгътӕ хӕсты амӕттӕгты номарынӕн
Гергиаг асиныл ссыгътой цырӕгътӕ хӕсты амӕттӕгты номарынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдохы акци "Нӕ ферох кӕндзыстӕм, цалынмӕ удӕгас стӕм…" уагъд ӕрцыд Гергиаг асиныл Цхинвалы, цы ран 2008 азы августы хӕстӕй цалдӕр бон фӕстӕдӕр уагъд ӕрцыд Мариинаг театры концерт-реквием.

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik, Козаты Дианӕ. Фыдохы акци "Нӕ ферох кӕндзыстӕм, цалынмӕ удӕгас стӕм…" уагъд ӕрцыд хуыцаубоны, Хуссар Ирыстоны парламенты бӕстыхайы раз Гергиаг асиныл. Ахӕм ном асинӕн лӕвӕрд ӕрцыд 2008 азы августы — уӕд ам уагъд ӕрцыд Гергиты Валерийы къухдариуӕгадӕй Мариинаг театры концерт-реквием.

Хуссар Иры сӕвӕрдтой дидинтӕ 2008 азы фӕмардуӕвджыты цыртытӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сӕвӕрдтой дидинтӕ 2008 азы фӕмардуӕвджыты цыртытӕм

Республикӕйы уагъд цӕуынц фыдохы мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты 2008 азы гуырдзиаг агрессийыл аст азы сӕххӕстӕн.

Фӕмардуӕвджыты къамтӕ ӕвӕрд ӕрцыдысты асины къӕпхӕнтыл. Сӕ цӕсгӕмттӕ рухс кодтой цырӕгътӕй.

"Хуссар Ирыстон бавзӕрста бирӕ хъизӕмӕрттӕ, фӕлӕ дзы иууыл ӕбуалгъдӕр уыдысты 2008 азы августы бонтӕ, фынӕй Цхинвалыл знаг куы ныккалдта мингай сармадзантӕ, кӕцытӕ ахастой бирӕнымӕц адӕймаджы удтӕ. Мах ӕрвылаз дӕр ӕрӕмбырд вӕййӕм ацы бынаты, цӕмӕй ссарӕм, сӕрибар бӕстӕйы цы адӕмы фӕрцы цӕрӕм, уыдоны рухс ном", — загъта митинджы рӕстӕджы Тыбылты Леонид.

Фӕмардуӕвджыты рухс ном ссардтой иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.

Фыдохы мадзӕлттӕм нӕ республикӕмӕ ӕрцыдысты августы бонты фӕмардуӕвӕг уӕрӕсейаг солдатты мӕдтӕ. Сӕ номӕй митинджы раныхас кодта Цӕгат Иры Солдатты мӕдты комитеты сӕргълӕууӕг Гогаты Лора.

"Ӕнустӕм удӕгас уӕт фӕмардуӕвджыты рухс нӕмттӕ. Бузныг мӕдтӕн, кӕцытӕ ӕрцӕуынц ӕмӕ ӕмбарынц, мах сабыр цӕрджытӕ кӕй стӕм ӕмӕ нӕ хӕст кӕй нӕ хъӕуы", — загъта уый.

© Sputnik / Алексей КовалевГергиаг асиныл ссыгътой цырӕгътӕ хӕсты амӕттӕгты номарынӕн
Траурная акция - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гергиаг асиныл ссыгътой цырӕгътӕ хӕсты амӕттӕгты номарынӕн

Хуссар Иры фӕмардуӕвӕг Уӕрӕсейы Хъайтар Раушан Абдуллины мад нӕ баурӕдта йӕ цӕссыгтӕ, траурон акцийы хайадисджыты раз ныхас гӕнгӕйӕ.

"Зын мын у мӕ хъӕбулыл ивгъуыд афоны дзурын. Фыццаг хатт дӕн Хуссар Ирыстоны ӕмӕ кӕдӕй-уӕдӕй федтон йӕ хъӕбатыр цӕрджыты. Уыцы хӕсты мӕнӕй фӕхъуыд, иууыл зынаргъдӕр мын чи уыд — мӕ фырт. Хъысмӕты фӕндонӕй нӕ фидауынгӕнджытӕ разындысты ам бахъуыды сахат, ӕмӕ кад ӕмӕ намысимӕ сӕххӕст кодтой сӕ хӕс, фӕлӕ сӕ уды аргъӕй", — загъта Любовь Абдуллина.

Ӕхсӕзаздзыд Георгий схызт асинмӕ ӕмӕ бахатыд ӕрӕмбырдуӕвджытӕм, цӕмӕй скувой "Хуыцаумӕ, цӕмӕй хӕст макуыуал уа".

Йӕ къухты уыд сириаг чызджы къам — уый бахатыд ӕрӕмбырдуӕвджытӕм, цӕмӕй йыл къухфысттӕ саразой ӕмӕ йын ӕй уый фӕстӕ арвита, "цӕмӕй уый макуы мацӕмӕй тӕрса".

Уыцы рӕстӕджы айзӕлыдысты Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуаны дзӕнгӕрӕгтӕ. Алайнаг епархийы динамонджытӕ ауагътой скуывд.

Ног хабӕртты лентӕ
0