ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Зассеты Сергей уӕрӕсейаг паралимпиӕгты Риомӕ ма бауадзыны фӕдыл скъуыддзаг нымайы ӕнӕраст тӕрхоныл.
Уӕрӕсейаг ӕмбырдгонд ӕххӕст скондӕй иуварс ӕрцыд Паралимпиадӕ-2016-ӕй, фехъусын кодта хуыцаубоны Ӕхсӕнадӕмон паралимпиаг комитеты (IPC) сӕргълӕууӕг Филип Крэйвен. Уый загъта, тӕрхон райст кӕй ӕрцыд ӕмхъӕлӕсӕй ӕмӕ йӕ тыхы бацыд ӕвӕстиатӕй.
Зассеты Сергейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы тӕрхоны бӕрӕгӕй зыны ӕнӕобъективон ахаст уӕрӕсейаг спортсментӕм.
"Къӕлӕтджынты цы чиновниктӕ бады, уыдон не ′мбырынц, хицӕн спортсменты тыххӕй раст кӕй нӕу ӕнӕхъӕн ӕмбырдгонды иуварс кӕнын. Мӕнмӕ гӕсгӕ, Уӕрӕсейы ӕнӕхъӕн ӕмбырдгонды иуварс кӕнын у нонсенс. Нӕ йӕ ′мбарын, ахӕм тӕрхон чи хаста, уыдоны цы сӕ разӕнгард кодта. Уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис ӕмӕ уый кӕй у заказ ӕмӕ политикӕ", — загъта Зассеты Сергей.
Уый банысан кодта, "сыгъдӕг" спортсментӕн кӕй хъуамӕ уа фадат райсын, сӕхи дӕргъвӕтин рӕстӕг цы хъӕзтытӕм цӕттӕ кодтой, уыдоны.