Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы Sputnik пресс-центрты ӕрымысыдысты 08.08.08 хӕст

© Sputnik / Алексей КовалевПресс-конференци
Пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik мультимедион пресс-центрты Цхинвал ӕмӕ Сухумы ӕрӕмбырд сты 2008 азы августы хӕсты хайадисджытӕ ӕмӕ ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ видео-хиды рӕстӕджы ӕрӕмысыдысты уыцы бонты цаутӕ.

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik, Хъотайты Мария. 2008 азы августы хӕсты хайадисджытӕ ӕмӕ журналисттӕ, кӕцытӕ уыцы рӕстӕджы уыдысты Хуссар Иры, радзырдтой, кӕм сӕ ӕрӕййӕфта хӕст, цы арӕзтой ӕмӕ цӕмӕн ссисты ӕвдисӕнтӕ. Ныхас цыд Sputnik мультимедион пресс-центрты видео-хиды хуызы Цхинвал ӕмӕ Сухумы.

Хуссар Ирыстоны ацы бонты мысынц 2008 азы августы трагикъон цаутӕ, Цхинвалы уагъд ӕрцыдысты фыдохы мадзӕлттӕ гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты рухс ном арынӕн.

Цхинвалы рынчындоны пырхӕнтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дохтырты хъӕбатырдзинад: 229 операци ӕхсты бын

"Хӕсты райдайӕн мӕ ӕрӕййӕфта Кисловодскы — улӕфыдыстӕм мӕ бинонтимӕ. Уыцы бон ацыдыстӕм Сухуммӕ. Коллегӕтӕ ӕрӕмбырд кодтой 100 минмӕ ӕввахс ӕхца. Зыдтам ӕй, Цхинвалы телеуынынды бӕстыхай ӕмӕ техникӕ кӕй ныппырх сты, уымӕ гӕсгӕ уыцы ӕхцайӕ балхӕдтам камерӕ, микрофонтӕ, амбырд кодтам чысыл гуманитарон ӕххуыс хӕлцы продукттӕй ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ацыдыстӕм Цхинвалмӕ", — ӕрымысыд уыцы бонтӕ абхазаг журналист Гурам Амкуаб.

Журналистмӕ иуул тынгдӕр дис фӕкаст, горӕты астӕу ӕнӕхъӕнӕй кӕй баззад ӕхсӕнадон организаци ОБСЕ-йы офис, кӕд ӕмӕ йӕ алыварс алцыдӕр уыд сыгъд ӕмӕ пырх.

"Федтон сыгъд музейтӕ, театр, архив. Ома гуырдзиаг хицауад сфӕнд кодта цӕрджытимӕ иумӕ скуынӕг кӕнын адӕмы истори дӕр. Уый ӕмрӕстӕджы ӕнӕхъӕнӕй баззад ӕхсӕнадӕмон организацийы офис Цхинвалы центры", — загъта журналист.

Амкуаб ма радзырдта, куыд систа документалон ныв "Ночь длиною в жизнь", кӕцы ӕвдыст ӕрцыд алыгъуызон медиа-фӕзуӕттыл, ратӕлмац ӕй кодтой англисаг ӕвзагмӕ дӕр, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны тыххӕй рӕстдзинад фӕхӕццӕ кӕной европӕйаг ӕхсӕнады онг.

"Тӕлмацгӕнӕг не ′сразы кинонывы алы кадр дӕр ратӕлмац кӕнын. Зӕгъгӕ, Европӕйаг ӕхсӕнад цӕттӕ нӕу фильмы ӕвдыст цаутӕ бамбарын. Йӕ ныхӕстӕй ыз бамбӕрстон, Европӕйы зынтӕй кӕй у рӕстдзинад зӕрдӕмӕ ӕввахс исын", — банысан кодта журналист.

Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Гасситы Петр, кӕцы 2008 азы уыд уӕрӕсейаг телеканал НТВ-йы уацхӕссӕг, радзырдта, зӕгъгӕ гуырдзиаг командиртӕ рациты дӕттой бардзырдтӕ фыццаг рады уӕрӕсейаг журналистты скуынӕг кӕнын. Уый базонгӕйӕ, журналистты сӕ куыстӕй дарддӕр бахуыд сӕ цард хъахъхъӕнын дӕр.

Козаты Лев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Левӕн нӕ бантыст цӕрын, хъазын, уарзын

"Мӕ коллегӕтӕ мын ныры онг дӕр бар нӕ лӕвӕрдтой бар уыцы цауы тыххӕй дзурын. Карз тохы рӕстӕджы ӕз мӕ коллегӕтимӕ — уӕрӕсейаг журналисттимӕ аскъуыддзаг кодтам, кӕй уыдзӕн ӕдасдӕр уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты бӕстыхайы хи баауон кӕнын. Уым уыд хорз радиофидиуӕн ӕмӕ иу рӕстӕджы мах фехъуыстам, гуырдзиаг командир рацийы радта бардзырд уӕрӕсейаг журналистты скуынӕг кӕныны тыххӕй. Уӕд бамбӕрстам, кӕй стӕм милы бын ӕмӕ нӕ уӕд нӕ редактор бафӕдзӕхста, цӕмӕй иууылдӕр ифтонг ӕрцӕуӕй хӕцӕнгарзӕй. Уый уыд фыццаг цау, журналист йӕ къухмӕ хӕцӕнгарз куы систа", — радзырдта уый.

2008 азы уӕрӕсейаг 58-ӕм ӕфсады командӕгӕнӕг, инӕлар Анатолий Хрулев радзырдта йӕ мысинӕгтӕ хӕсты тыххӕй.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, хӕсты фыццаг дыууӕ боны, Цхинвалмӕ 58-ӕм ӕфсады бацыды размӕ горӕт кӕй хъахъхъӕдтой ирон хӕдӕфсад ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты дыууӕ батальоны.

"Бынаты бахъуыд ныхмӕлӕууӕджы тасы бафтауын, ома ахӕм хуыз равдисын, цыма бирӕйӕ стӕм. Афтӕ-иу иу ранӕй ныццавтам знаджы, стӕй-иу ӕфсад ӕмӕ техникӕ ракодтам ӕндӕр бынатмӕ ӕмӕ ӕхстам уырдыгӕй. Цавӕрдӕр афон ныхмӕлӕууӕг ракодта йӕ резерв. Мах цыдыстӕм БТРтыл, куы фембӕлдыстӕм хуссарирыстойнаг хӕдӕфсӕддонты. Кӕцӕйдӕр фарсӕрдыгӕй мах ӕхстой гуырдзыстойнаг "Спецназ"-ы хӕстонтӕ. Тох цыд ӕдӕппӕт фондз минут, фӕлӕ ӕз уӕдмӕ фӕцӕф дӕн. Знаджы мах уӕд иууылдӕр скуынӕг кодтам ӕмӕ ирон лӕппутимӕ адарддӕр кодтам нӕ цыд БТРтыл. Уыдонимӕ нын ӕнцондӕр уыд", — радзырдта Хрулев.

Уӕды рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады батальонтӕй иуы командӕгӕнӕг Бӕззаты Инал, кӕцы уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтимӕ иумӕ архайдта Цхинвалы сӕраппонд тохты, фӕхуыдта Хрулев Анатолийы Республикӕйы боны цытӕн бӕрӕгбонмӕ 20 сентябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0