Дохтырты хъӕбатырдзинад: 229 операци ӕхсты бын

© Sputnik / Михаил Мордасов /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы рынчындоны пырхӕнтӕ
Цхинвалы рынчындоны пырхӕнтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хӕст куыддӕр райдыдта, афтӕ медиктӕ ӕхсты бын атагъд кодтой рынчындонмӕ – адӕмӕн ӕххуысмӕ.

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik, Хъотайты Мария. Дохтыр-реаниматолог Харебаты Жаннӕйы хӕст ӕрӕййӕфта радгӕсады рӕстӕджы. Ӕмбисӕхсӕвмӕ ӕввахс райхъуыстысты фыццаг срӕмыгъдтӕ, рынчындон райдыдтой ӕхсын.

"Бӕстӕ схӕццӕ ис. Стационарон рынчынтӕ нӕм бирӕ уыдис, ныххизын сӕ кодтам ныккӕндмӕ — 300 адӕймаджы сӕ лыстӕнтимӕ. Уый фӕстӕ райдыдтой ласын фыццаг цӕфты", — мысы уый.

Абон, уыцы трагикъон цаутӕй цалдӕр азы фӕстӕ, Хуссар Ирыстоны республикон соматикон рынчындоны дохтыртӕ дис кӕнынц, кӕцӕй сӕм цыд уыййас энерги. Ӕнӕ улӕфтӕй, ӕнӕ фынӕй ӕмӕ хӕрдӕй, операцион столтӕй ӕнӕ фӕиппӕрдӕй, уыдон скодтой 229 операци.

Козаты Лев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Левӕн нӕ бантыст цӕрын, хъазын, уарзын

"Нӕ дохтыртӕ цы сарӕзтой, уый диссагӕн дзуринаг у. Мӕ коллегӕты куыстмӕ куы кастӕн, уӕд мӕ дисӕн кӕрон нӕ уыд. Хирургтӕ Бестауты Айвар, Остъаты Александр, Григорий Кулиджанов ӕмӕ Зӕгъойты Николай, уролог Джиоты Виталий, медицинон хотӕ ӕмӕ санитаркӕтӕ — уыдон фондз боны дӕргъы уыдысты ныккӕнды ӕмӕ ӕхсты бын уагътой ӕнтыстджын операцитӕ, ирвӕзын кодтой адӕмы цардтӕ. Хӕдзӕрттӕй рахизӕн нӕ уыд, фӕлӕ уыдон, ӕхстмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, згъордтой рынчындонмӕ — уый хъайтардзинад нӕу?!", — дзуры дохтыр.

Масштабон ӕхсты райдайӕнимӕ хирург-уролог Джиоты Виталий ракодта йӕ бинонты ныккӕндмӕ ӕмӕ атагъд кодта рынчындонмӕ.

"Уырдӕм куы бахӕццӕ дӕн, уӕд горӕт уыд карз ӕхсты бын. Тагъд-тагъд нӕхи цӕттӕ кодтам цӕфты райсынмӕ — ныккӕндон этажмӕ ластам операцион столтӕ, ифтонггарз ӕмӕ медицинон ӕрмӕджытӕ", — дзуры Джиоты Виталий.

Уый мысы, куыд зын уыд бирӕнымӕц цӕфтимӕ архайын.

Республикӕйы уагъд цӕуынц фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Нӕ ферох кӕндзыстӕм, цалынмӕ удӕгас стӕм…"

"Операцитӕ арӕзтам алцӕмӕн дӕр. Мӕхи куыст дӕр кодтон ӕмӕ уый ӕмрӕстӕджы иумӕйаг хирургийы куыст дӕр. Зын уыд. Суткӕгай нӕ цӕст дӕр не ′рцъынд кодтам. Ӕппынфӕстаг медиктӕй кӕмӕндӕрты сӕ зӕрдӕтӕ хъарм кодтой фырфӕллад ӕмӕ ′ххормагӕй.. Уыцы цалдӕр боны мын бантыст ӕрмӕстдӕр цалдӕр сахаты афынӕй кӕнын. Фырдиссагӕй мӕм хӕрын дӕр нал цыд, фӕлӕ медицинон хотӕн хӕрын кодтон, цӕмӕй сӕ бон кусын уыдаид", — дзуры медик.

Бынӕттон медиктӕн ӕххуыс кодтой Уӕрӕсейӕ ӕрцӕугӕ коллегӕтӕ. Уыдон иууылдӕр райгуырдысты Хуссар Ирыстоны, уый фӕстӕ ныппырх сты Уӕрӕсейы къуымты, цы ран куыстой алыгъуызон медицинон уагдӕтты. Уыцы сӕрд уыдон ӕрцыдысты отпускы сӕ райгуырӕн бӕстӕм, уым сӕ ӕрӕййӕфта хӕст. Се ′ххуысӕн сын стыр аргъ скодтой хуссарирыстойнаг коллегӕтӕ.

"Мӕ коллегӕтӕ Плиты Алик, Годжысаты Георгиимӕ, хирургтимӕ ацыдыстӕм хӕдзӕрттӕм 6 августы ӕхсӕвы дыууӕ сахатыл, райсом авд сахатыл та фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтыстӕм ӕмӕ хӕсты кӕроны онг нал ацыдыстӕм хӕдзӕрттӕм. Ничи уыд ӕнхъӕл, ахӕм карз ӕхст кӕй уыдзӕн ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ рынчындоны агъуыстыл кӕй ӕмбӕлдзысты. Цӕфты нӕм куы райдыдтон ласын, уӕд нӕм ӕрбамбал сты дохтыртӕ Дзӕуджыхъӕуӕй — Медойты Вадик, Цыбырты Костя, Тыджыты Алик, Джыккайты Томас, Гӕджиты Костя. Хӕст сӕ ӕрӕййӕфта ам ӕмӕ нӕм ӕрбацыдысты ӕххуысмӕ. Уыдис дзы бирӕ уӕззау цӕфтӕ. Цавӕрдӕр рӕстӕг мах уагътам операцитӕ ныккӕнды мынæг рухсмӕ", — мысы нейрохирург Константин Серветник.

Хирург-уролог Джиоты Виталий фидарӕй дзуры, ӕрцӕугӕ дохтыртӕ кӕй уыдысты хуыцауӕй ӕрвыст, уымӕн ӕмӕ цӕфты нымӕц сахатӕй сахатмӕ кодта фылдӕр.

"Ӕрцӕугӕ дохтыртӕ Медойты Вадик, Гӕджиты Костя, Джыккайты Томик ӕмӕ ма иу ӕрыгон лӕппу, хъыгагӕн йӕ мыггаг ын нал хъуыды кӕнын — профессионалонӕй ӕххӕст кодтой сӕ хӕс. Хицӕнӕй мӕ фӕнды банысан кӕнын Бестауты Айвары куыст йӕ фыццаг хирургион хайадимӕ. Нымайын ӕй хирургийы дӕсныйыл. Иннӕ хирургты тыххӕй дӕр мӕ фӕнды зӕгъын, тӕрсын искӕй ауадзын — алчидӕр куыста йӕ тыхты уӕлдай", — мысы дохтыр-уролог.

"Ныккӕндон уавӕртӕм", цӕфты нымӕцмӕ ӕмӕ ӕхстытӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, 229 операцитӕ иууылдӕр дохтыртӕ сарӕзтой ӕнтыстджынӕй.

Хъӕцмӕзты Арсен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъӕцмӕзты Арсен – "град"-ы бын гуырд

"Стерилизацийӕн йӕ кой дӕр нӕ уыд. Инструменттыл-иу ӕркодтам спирт ӕмӕ-иу сӕ ссыгътам. Бахардз кодтам нӕ доны фӕсаууӕрц иууылдӕр. Дон нӕм куы уыдаит, уӕддӕр инструменттӕ кӕм рафыхтаиккам, уый нӕ уыд. Иу хорз, ӕмӕ уыцы диссӕгтӕ фесты 10 августы, уымӕн ӕмӕ нӕм медикаменттӕ ӕмӕ стерилон ӕрмӕджытӕ нал уыд. Раст нӕм уӕд ӕмрӕстӕджы ӕрбаластой тынг бирӕ цӕфты — уӕрӕсейаг солдатты ӕмӕ батальон "Восток"-ы цӕцӕйнӕгты", — радзырдта Серветник.

Ныккӕнд йемыдзаг уыд цӕфтӕй ӕмӕ ӕввахс уынгтыл цӕрджытӕй, кӕцытӕ ам ӕмбӕхстытсты срӕмыгъдтӕй.

"Бирӕтӕ дзы уыд уӕззау цӕфтимӕ — суставты, артериты, гуыбыны, сӕрты, ӕгӕрыстӕмӕй ма кӕмӕндӕр йӕ зӕрдӕ дӕр фӕцӕф. Фӕлӕ куыддӕрты схӕццӕ сты рынчындонмӕ. Тынг фынӕй нӕм цыд. Нӕ медицинон хотӕ афтӕ фӕллад уыдысты, ӕмӕ-иу операцигӕнӕн столты фарсмӕ сӕ зӕрдӕтӕ бахъарм сты. Хӕст бынаты цы сменӕйы ӕрыййӕфта, уыдонӕй дарддӕр иннӕ чызджытӕ сӕ куыстмӕ ӕрбалыгъдысты сӕхӕдӕг, ничи сӕм ӕрсидт, афтӕмӕй", — дзуры йӕ хӕстой мысинӕгтӕ дохтыр-нейрохирург.

Рынчындонмӕ удӕгасӕй чи бахауд, уыдоны иууылдӕр фервӕзын кодтой медиктӕ. Сӕ бон нӕ бацис ӕрмӕст иу ӕвзонг лӕппуйӕн — цӕгатирыстойнаг бархионӕн баххуыс кӕнын.

"Хъыгагӕн, уый ӕрӕгмӕ фӕхӕццӕ ис рынчындонмӕ, уӕдмӕ иууылдӕр самӕхст йӕ туджы. Фӕцӕф 6-ӕм скъолайы цур ӕмӕ йӕ ӕхсты бынӕй ралвасын никӕй бон бацис. Лӕппу уым хуыссыд ӕмӕ сӕфта туг. Чысыл раздӕр ӕй куы рбаластаиккой, уӕд удӕгасӕй баззадаит. Йӕ мыггаг Ӕгъуызартӕй уыд…", — радзырдта нейрохирург.

Уыцы уӕззау бонты дохтыртӕ нӕ хъуыды кодтой хорзӕхтыл, сӕ судзгӕ хӕдзӕрттыл ӕмӕ фӕллойыл. Уыдон, иу къухы ӕнгуылдзтау, архайдтой цӕрдтӕ фервӕзын кӕныныл.

Гергиаг асиныл ссыгътой цырӕгътӕ хӕсты амӕттӕгты номарынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гергиаг асиныл ссыгътой цырӕгътӕ хӕсты амӕттӕгты номарынӕн

"Уӕд рынчындоны цы дохтыртӕ уыд, уыдон иууылдӕр куыстой тынг удуӕлдай ӕмӕ цӕсгомджынӕй. Ничи йӕ зыдта, райвӕрздзыстӕм ма нӕхӕдӕг уырдыгӕй удӕгасӕй, ӕви нӕ. 8-ӕм августы мын фехъусын кодтой, мӕ хӕдзар кӕй судзы, фӕлӕ мӕм уыцы хабар бынтондӕр никӕцӕй бахъардта. Хӕдзары уыдысты мӕ фӕллой иууылдӕр, фӕлӕ уыцы августы дзырд цыд удтыл — нӕхи ӕмӕ цы адӕмӕн операцитӕ кодтам, уыдон удтыл", — дзуры Харебаты Жаннӕ.

Дӕсӕм августы, горӕт гуырдзиӕгтӕй куы ссӕрибар кодтой, уӕд цӕфты аластой Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕскуымӕ.

"Ахӕм вазыгджын операцитӕ нӕм уыд, кӕцытӕ мах сабыр рӕстӕджы ӕмӕ нормалон уавӕрты никуыдӕр сарӕзтам. Фӕлӕ хӕсты бахъуыд сӕ саразын. Ӕмӕ сӕ сарӕзтам хорз фӕстиуджытимӕ. Мӕскуыйаг дохтыртӕ, кӕцытӕ фӕстӕдӕр хос кодтой махӕй аласгӕ цӕфтӕн, тынг райгонд уыдысты нӕ куыстӕй", — мысы Серветник.

Уыцы бонты дохтыртӕн дӕр сӕ бон уыд ӕмӕ ссардтаиккой исты ӕдас бынат, бафснайдтаиккой сӕхи ӕмӕ се ‘ввахс адӕмы, фӕлӕ сӕ цыдӕр — цы, уый сӕхицӕн дӕр сӕ бон нӕу бамбарын кӕнын — цырын кодта ӕхсты бын ӕмбӕхсгӕ-ӕмбӕхсгӕ рынчындонмӕ слидзын ӕмӕ цӕрджыты ирвӕзын цӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0