Цӕгат Ир ӕмӕ Кӕсӕджы арӕныл ссардтой советон солдатты мард буӕрттӕ

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Ир ӕмӕ Кӕсӕджы арӕныл ссардтой советон солдатты марды буӕрттӕ
Цӕгат Ир ӕмӕ Кӕсӕджы арӕныл ссардтой советон солдатты марды буӕрттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сырхӕфсӕддонтӕ сӕ мӕлӕт ссардтой 1942 азы кӕрон – 1943 азы райдайӕны Эльхотмӕ бацӕуӕнтӕ хъахъхъӕнгӕйӕ.

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Кӕсӕг-Балхъараг республикӕ ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сгарджытӕ Теркаг-Малкинаг хъазахътимӕ ссардтой дыууӕ сырхӕфсӕддоны мард буӕртты хӕйттӕ, хъусын кӕны 15 регион.

"КБР ӕмӕ РЦИ-Аланийы административон арӕныл хӕххон-хъӕдджын фадыгыл инженерон басгӕрст уадзгӕйӕ, мах ссардтам дыууӕ сырхӕфсӕддоны мард буӕртты хӕйттӕ, кӕцытӕ сӕ мӕлӕт ссардтой 1942 азы кӕрон — 1943 азы райдайӕны Эльхотмӕ бацӕуӕнтӕ хъахъхъӕнгӕйӕ. Зын у хъуыды кӕнын дӕр, хӕстонтӕ ацы бынаты 73 азы размӕ цы зындоны тухитӕ ӕвзӕрстой, уыдоныл", — радзырдта Хӕстонты мысӕны ӕппӕтуӕрӕсейаг змӕлды регионалон хайады гӕс Евгений Урядов.

Уый банысан кодта, кӕй ма ӕрӕмбырд кодтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты бирӕнымӕц артефакттӕ. Ӕбӕрӕг хъайтарты цытджын ӕгъдауӕй ныгӕд нывонд уыдзӕн Уӕлахизы 72 азы юбилейӕн.

Урядов ма фехъусын кодта, ноябры кӕроны онг ма сгарджытӕ кӕй бабӕрӕг кӕндзысты 9 бынат, цы ран гӕнӕн ис ӕмӕ разыной советон солдатты мард буӕрттӕ, уый фӕстӕ сгарӕн сезон ӕрцӕудзӕн ӕхгӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0