Хуссар Иры МХМ дӕтты цӕрджытӕн ӕртӕ мӕйы ӕнӕзаконон хӕцӕнгарз ӕрбахӕссынӕн

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæХӕцӕнгарз
Хӕцӕнгарз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ведомствӕ сарӕзта анализ криминогенон уавӕрӕн, кӕцы равдыста, ӕмбӕстӕгты къухты кӕй ис бирӕ ӕнӕзаконон хӕцӕнгарз. Фӕфылдӕр ӕнӕзаконон хӕцӕнгарзӕй спайдагондӕй фыдракӕндты нымӕц дӕр.

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Ӕнӕзаконон хӕцӕнгӕрзты хицӕуттӕн ис фадат 15 ноябры онг уыдон барвæндонæй бахӕссын мидхъуыддӕгты министрадмӕ. Ацы ӕмгъуыды фӕстӕ МХМ-ы кусджытӕ уадздзысты рейдон мадзӕлттӕ ӕмӕ ӕнӕзаконон хӕцӕнгарз цы ӕмбӕстӕгтӕм разына, уыдон хӕсдзысты уголовон бӕрн.

Ӕмбӕлон бардзырд радта мидхъуыддӕгты министр Лӕууойты Ӕхсар, фехъусын кодтой Sputnik ведомствӕйы пресс-службӕйы.

Нӕмыг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕнæрегистрацигонд хæцæнгæрзты хицæутты бахæсдзысты резервистты номхыгъдмæ

"Мидхъуыддӕгты министры указмӕ гӕсгӕ, 15 августӕй 15 ноябрмӕ ӕмбӕстӕгтӕн ис фадат барвæндонæй мидхъуыддӕгты министрадмӕ бахӕссын кӕнӕ срегистраци кӕнын ӕнӕзаконон хӕцӕнгарз, хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ. Ацы ӕмгъуыды фӕстӕ МХМ-ы кусджытӕ уадздзысты рейдон мадзӕлттӕ ӕмӕ ӕнӕзаконон хӕцӕнгарз цы ӕмбӕстӕгтӕм разына, уыдон хӕсдзысты уголовон бӕрн", — загътой пресс-службӕйы.

Ведомствӕ сарӕзта анализ республикӕйы криминогенон уавӕрӕн, кӕцы равдыста ӕмбӕстӕгты къухты кӕй ис бирӕ ӕнӕзаконон хӕцӕнгарз, хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ. Фӕфылдӕр ӕнӕрегистрацигонд хӕцӕнгарзӕй спайдагондӕй фыдракӕндты нымӕц дӕр.

МХМ-ы банысан кодтой, хӕцӕнгарз ӕлхӕнын, хъахъхъӕнын ӕмӕ пайдакӕныны уагӕвӕрды фехӕлд кӕй ӕркӕны трагикон цаутӕм, цӕй фӕстиуӕгӕн фӕмард вӕййынц кӕн зиан баййафынц ӕнӕаххос адӕм.

Уыимӕ иумӕ, МХМ иу ӕмӕ дыууӕ хатт не ′рсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй барвӕндонӕй раттой ӕнӕзаконон хӕцӕнгарз, науӕд та йӕ срегистраци кӕной, фӕлӕ ӕмбӕстӕгтӕн ацы фарстмӕ нӕй серьезон ахаст.

"Уымӕ гӕсгӕ, афтӕ ма хӕцӕнгарзӕй спайдагондӕй фыдракӕндты профилактикӕйы нысанӕн, МХМ уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй цӕрджытӕ барвӕндонӕй раттой, цы ӕнӕзаконон хӕцӕнгарз сӕм ис, уый", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

МХМ равдыста ныфс, ӕмбӕстӕгтӕ активон хайад кӕй райсдзысты уадзгӕ мадзӕлтты, кӕцытӕ здӕхт сты республикӕйы фдракӕндты нымӕц фӕкъаддӕр кӕнынмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0