Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрӕй ногӕй нысан ӕрцыд Джиоты Мурӕт

© Sputnik / Диана КозаеваДжиоты Мурӕт
Джиоты Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джиоты Мурӕт дыккаг хатт слӕудзӕг республикӕйы ӕддагполитикон ведомствӕйы сӕргъ – уый ацы бынаты куыста 1998-2012 ӕзты.

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Республикӕ Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады сӕргъ ногӕй ӕрлӕууыд Джиоты Мурӕт, кӕцы ацы бынаты куыста 1998-2012 азты.

Президент бафыста Цхуырбаты Хазбулаты йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл указ

Джиоты Мурӕты снысан кӕныны фӕдыл указ дыццӕджы бафыста президент Тыбылты Леонид, фехъусын кодта йӕ пресс-секретарь Гана Яновская.

Уӕды онг Джиоты Мурӕт куыста Фӕсконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фарстыты фӕдыл РХИ президенты ӕххӕстбарджын минӕварӕй.

Раздӕры фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Цхуырбаты Хазбулат ацы бынатӕй ацыд ацы аз апрелы барвӕндонӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0