Тыбылты Леонид: Плотницкийы амарыны фӕлвӕрд у ЛАР-ы адӕмы ныхмӕ фыдракӕнд

© Sputnik / Егор Еремов /  Ахизын медиабанкмæЛАР-ы сӕргълӕууӕг Игорь Плотницкий
ЛАР-ы сӕргълӕууӕг Игорь Плотницкий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд сабат Луганскы ӕбӕрӕг адӕм спырх кодтой ЛАР-ы сӕргълӕууӕг Игорь Плотницкийы машинӕ. ЛАР-ы хицауад ацы фыдракӕнд нымайы терактыл ӕмӕ ацы фыдракӕнды аххосджын кӕны украинӕйаг сӕрмагонд службӕты.

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Луганскаг адӕмон республикӕйы сӕргълӕууӕг Игорь Плотницкийы амарыны фӕлвӕрд ӕрмӕст йӕ ныхмӕ фыдракӕнд нӕу, фӕлӕ Луганщинӕйы адӕмы ныхмӕ фыдракӕнд дӕр, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды ныхӕстӕ йӕ пресс-секретарь Гана Яновская.

Ивгъуыд сабат Луганскы ӕбӕрӕг адӕм спырх кодтой ЛАР-ы сӕргълӕууӕг Игорь Плотницкийы машинӕ. Срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн уый райста схъисон цӕфтӕ ӕмӕ ӕрцыд госпитализаци. ЛАР-ы хицауад ацы фыдракӕнд нымайы терактыл ӕмӕ ацы фыдракӕнды аххосджын кӕны украинӕйаг сӕрмагонд службӕты.

"Фидарӕй мӕ уырны, ацы ӕнӕгъдау акт кӕй не ′суыдзӕн цӕлхдур Дӕ фӕндагыл ӕмӕ ноджы ӕрбангомдӕр кӕндзӕн адӕмы сӕ сӕрибардзинады ӕмӕ сабыр размӕцыды сӕрыл тохы", — банысан кодта Тыбылты Леонид ЛАР-ы сӕргълӕууӕджы адресыл телы.

РХИ президенты зӕрдӕ Плотницкийӕн загъта, цӕмӕй куыд тагъддӕрӕй сӕнӕниз уа.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта Донецкаг ӕмӕ Луганскаг адӕмон республикӕты хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0