Битарты Вячеслав: Санаты Аидӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕрмӕстдӕр уӕлахизмӕ

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Битарты Вячеслав
Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Битарты Вячеслав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг равдыста сӕрыстырдзинад, радон хатт дӕр та ирон рапиристкӕ кӕй хъахъхъӕны Цӕгат Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы кад ахӕм бӕрзонд ӕмвӕзадыл ерысты.

ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Битарты Вячеслав фӕдзырдта телефонӕй Санаты Аидӕмӕ ӕмӕ ахсджиаг старты размӕ зынгӕ цӕгатирыстойнаг чемпионкӕйӕн йӕ цӕст бауарзта "сыгъзӕрин" ныхмӕлӕудтӕ Рио-де-Жанейройы Олимпиаг хъӕзтыты, хъусын кӕны РХИ-А сӕргълӕууӕджы сайт.

Ӕввахс рӕстӕджы Рио-де-Жанейройы райдайдзӕн рапиристкӕты хисӕрмагонд турнир.

Шанайты Аида - Sputnik Хуссар Ирыстон
Санаты Аида райста 2016 азы олимпиаг хъӕзтыты лицензи

"Мах сӕрыстыр стӕм, радон хатт дӕр та кӕй хъахъхъӕныс Цӕгат Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы кад ахӕм бӕрзонд ӕмвӕзадыл ерысты. Тынг фӕцин кодтам сыхаг республикӕты дзюдоистты ӕнтыстытыл, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон ӕппӕт Цӕгат Ирыстон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ды кӕй бауыдзӕ сызгъӕрин майданы хицау. Ныфс дӕ ӕвӕрӕм ӕмӕ дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм хӕдзары уӕлахизимӕ! Ӕнтыстытӕ дын уӕт!", — загъта Битарты Вячеслав.

Зӕрдыл лӕууын кӕнӕм, ӕртыццӕджы Рио-де-Жанейройы кӕй райдайдзӕн рапиристкӕты хисӕрмагонд турнир, уыдон нымӕцы ерысты хайад райсдзӕн Пекин-2008 олимпиаг чемпионкӕ, 2012 азы Лондоны Олимпиадӕйы ӕвзист призер, дуне ӕмӕ Европӕйы чемпионатты призер, Уӕрӕсейы сгуыхт спорты дӕсны Санаты Аидӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0