Дыууӕ ӕнӕлегалон спиртзаводы сӕхгӕдтой Цӕгат Иры

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæДыууӕ ӕнӕлегалон спиртзаводы сӕхгӕдтой Цӕгат Иры
Дыууӕ ӕнӕлегалон спиртзаводы сӕхгӕдтой Цӕгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхгӕд ӕрцыд ӕнӕлегалон спирты бизнес суткӕйы мидӕг 140 мин литр спирты гуырахстимӕ, банысан кодтой "Росалкогольрегулирование"-йы.

ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik. Спирт ӕмӕ нозты продукцийы ӕнӕзаконон кондад сӕхгӕдтой ӕмрӕстӕджы дыууӕ куыстуаты — Цӕгат Ирыстоны Ӕрыдоны районы, фехъусын кодтой "Росалкогольрегулирование"-йы.

"Ӕхгӕд ӕрцыд ӕнӕлегалон спирты бизнес суткӕйы мидӕг 140 мин литр спирты гуырахстимӕ", — загъта ведомствӕйы минӕвар.

Уый банысан кодта, Ӕрыдоны районы басгӕрст уагъд кӕй ӕрцыд 10 августы ӕмӕ рабӕрӕг, ам спирт ӕнӕзакононӕй уагъд кӕй цыд ООО "Пищевик"-ы ифтонггарзыл, кӕцыйӕн йӕ лицензи ӕрӕхгӕдтой 2011 азы.

Цæгат Ирыстоны байстой 13 мин авджы контрафактон нозт

"Уыимӕ иумӕ, кондад 2009-2011 азты йӕ гуырахсты тыххӕй нициуал хыгъдлӕвӕрд арӕзта ӕмӕ лицензийы фӕдыл нал ӕрбахатыд", — фехъусын кодтой РАР-ы.

Ноджы ма иу ӕнӕлегалон кондад уыд рӕвдзгонд Мичурины хъӕуы ЗАО "АПК "Мичуринский"-йы ифтонггарзыл. Ацы куыстуаты лицензийӕн дӕр йе ′мгъуыд кӕронмӕ бахӕццӕ 2011 азы.

"Ныртӕккӕ дарддӕр уагъд цӕуынц контролон мадзӕлттӕ. Ахст ӕрцыд бындурон технологион ифтонггарз, хомæг ӕмӕ цӕттӕ продукци. Цӕгаткавказаг федералон зылды "Росалкогольрегулирование"-йы ӕхсӕнрегионалон управлени бакодта уголовон хъуыддӕгтӕ административон фӕткхӕлды фӕдыл", — радзырдтой уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0