Сфысты хатдзӕгон бӕрӕггӕнӕнтӕ: Хуссар Ирыстоны цӕры 53 532 адӕймаджы

© Sputnik / Диана Козаева Статуправленийы сӕргълӕууӕг Тыбылты Инал
Статуправленийы сӕргълӕууӕг Тыбылты Инал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны иудадзыг цӕрӕг ирӕтты нымӕц у 48 146, гуырдзиӕгты 3966, уырыссӕгтӕ та – 610 адӕймаджы.

ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон статистикӕйы управлени цыппӕрӕмы сарӕзта ӕлхынцъон хатдзӕгтӕ цӕрджыты иумӕйаг сфысты тыххӕй: республикӕйы цӕры 53 532 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны цӕрджыты иумӕйаг сфысты бындурон фазӕ уагъд ӕрцыд фарон октябры. Сфыст фыццаг хатт уагъд ӕрцыд дыууын фондз азы мидӕг.

Статуправленийы хистӕр Тыбылты Инал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Статуправлени: цӕрджыты сфыст фӕахъаз уыдзӕн республикӕйы райрӕзты нывӕзтӕн

"Ӕдӕппӕт республикӕйы нымад ӕрцыдысты 53 532 адӕймаджы, уыдонӕй нӕлгоймӕгтӕ — 25 707, сылгоймӕгтӕ та — 27 825. Статистикон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, иу мин нӕлгоймагмӕ хауы 1082 сылгоймаджы", — загъта журналисттӕн Статуправленийы сӕргълӕууӕг Тыбылты Инал.

Иууыл фылдӕр адӕм цӕры горӕт Цхинвалы — 30 432 адӕймаджы, районтӕй иууыл цӕрӕгджындӕр у Цхинвалы район. 330 хъӕуӕй фондзы цӕры мин цӕрӕгӕй фылдӕр, 40 хъӕуы — нӕй бындурон цӕрджытӕ.

"Республикӕйы цӕрджыты астӕуккаг кар у 40,1. Ӕвзонгдӕр кары адӕм цӕрынц Цхинвалы. Уымӕй дарддӕр, республикӕйы цӕры ӕхсӕз адӕймаджы, кӕцытӕ сфысты рӕстӕгмӕ ахызтысты сӕ сӕдӕ азы сӕрты. Иууылдӕр сты сылгоймӕгтӕ", — банысан кодта Тыбылты Инал.

Хуссар Ирыстоны иудадзыг цӕрӕг ирӕтты нымӕц у 48 146, гуырдзиӕгтӕ 3966, уырыссӕгтӕ та — 610. Уымӕй дарддӕр ма республикӕйы цӕрынц 20 адӕмыхатты минӕвӕрттӕ.

Хуссар Ирыстоны цӕрджыты иумæйаг сфыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Суринов: Хуссар Ирыстоны сфыст уагъд æрцыд ИНО-йы рекомендацитæм гæсгæ

Сфысты рӕстӕджы ӕрӕмбырдгонд бӕрӕггӕнӕнтӕ иууылдӕр бацыдысты 2015 азы РХИ цӕрджыты иумӕйаг сфысты хатдзӕгты чиныгмӕ. Статуправленийы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы чиныгыл дыууӕ азы куыстой ӕрмӕст уагдоны кусджытӕ нӕ, фӕлӕ ма ноджы 215 адӕймаджы.

"Паддзахадон статистикӕйы управленийы кусджытӕ, афтӕ ма сфысджытӕ, инструктортӕ, сфысты фӕдыл къамис сӕххӕст кодтой сӕ хӕс. Куыст цыд ӕхсӕнадон нормӕтӕм гӕсгӕ", — банысан кодта Тыбылты Инал.

Уый ма бафтыдта, иууыл зындӕр кӕй уыд горӕты, районты ӕмӕ ӕндӕр бынӕтты топографон картӕтӕ аразын. Уыдон арӕзт ӕрцыдысты ногӕй ӕмӕ ӕмӕ сыл нысан сты бӕстыхӕйттӕ ӕмӕ цӕрӕн хӕдзӕрттӕ иууылдӕр. Ацы куыстыл бахъуыд ӕрдӕгазӕй фылдӕр ӕмӕ уагъд ӕрцыд Статуправленийы тыхтӕй.

© SputnikБанымадтой нæ
Банымадтой нæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Банымадтой нæ
Ног хабӕртты лентӕ
0