Уӕрӕсейы ФХМ: Тбилис къуылымпы кӕны Женеваг дискусситы куыст

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæЗдание МИД РФ
Здание МИД РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстон къуылымпы кӕны тыхӕй ма спайда кӕныны фӕдыл документыл куыст, иудадзыг аразы информацион профокацитӕ ӕмӕ кӕны конфронтацион риторикӕ, банысан кодтой УФ ФХМ-ы.

ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Гуырдзыстон Женеваг дискусситы къуылымпы кӕны Хуссар Ирцыстон ӕмӕ Абхазы ныхмӕ тыхӕй ма спайда кӕныны фӕдыл документыл куыст, дзырдӕуы УФ ФХМ-ы хъусинаджы, 2008 азы августы цауты тыххӕй гуырдзиаг ӕмӕ украинӕйаг фидиуӕнты фӕдыл комментаритӕ аразгӕйӕ.

Цхинвал 2008 азы  августы - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ ФХМ: Гуырдзыстон дарддӕр дӕр парахат кӕны 2008 азы "агрессийы" тыххӕй клише

"Ӕнӕ иронийӕ нӕй гӕнӕн хъусын Гуырдзыстоны ӕппӕлой ныхӕстӕм "сӕ хайбавӕрды тыххӕй" регионы сабырад бахъахъхъӕныны хъуыддаджы. Афтӕмӕй та Гуырдзыстон къуылымпы кӕны тыхӕй ма спайда кӕныны фӕдыл документыл куыст ӕмӕ иудадзыг аразы информацион профокацитӕ ӕмӕ пайда кӕны конфронтацион риторикӕйӕ", — фехъусын кодтой уагдоны.

УФ ФХМ-ы банысан кодтой, йӕхимӕ уӕлдай хъусдард кӕй здахын кӕны Гуырдзыстонимӕ "солидарондзинады" цӕстмӕ митӕ, кӕцытӕ ӕвдыст цӕуынц "Украинӕйы ФХМ ӕмӕ президент Петр Порошенко фидиуӕнты ".

"Уый ӕнӕнхъӕлӕджы нӕу — Киев ӕмӕ Тбилис ӕххуыс кӕнынц кӕрӕдзийӕн "уырыссаг агрессийы амӕттӕгты ролы хуыздӕр бацӕуын". Уый бӕсты, хуыздӕр уаид, сӕхи æнæзæрдæмæдзæугæ политикӕмӕ ӕркӕсын", — дзырдӕуы комментарийы.

Женеваг дискусситæ уагъд цæуынц Уæрæсе æмæ Францы президентты æхсæн бадзырдтæм гæсгæ 2008 азӕй, Гуырдзыстоны, куыд агрессоры, сабырадмæ тыхæй куы æркодтой, уæдæй фæстæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0