УФ ФХМ: Гуырдзыстон дарддӕр дӕр парахат кӕны 2008 азы "агрессийы" тыххӕй клише

© фото из архива МЧС РСО-АЦхинвал 2008 азы августы
Цхинвал 2008 азы  августы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тбилис азӕй азмӕ парахат кӕны пропагандистон клише, дыууӕ хӕдбар паддзахады уӕвынад нымадмӕ ӕнӕ исгӕйӕ. Уый та у ууыл дзурӕг ӕмӕ гуырдзиаг политиктӕн сӕ бон кӕй нӕу рационалон аргуменнӕ хынцын, фехъусын кодтой УФ ФХМ-ы.

ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Гуырдзыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) 2008 азы цауты тыххӕй ӕрӕджыйы фидиуæн "ӕфтауы ӕрхуыны", банысан кодтой Уӕрӕсейы ФХМ-ы, 2008 азы августы цауты тыххӕй гуырдзиаг ӕмӕ украинӕйаг фидиуӕнты фӕдыл комментаритӕ аразгӕйӕ.

Пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы Sputnik пресс-центрты ӕрымысыдысты 08.08.08 хӕст

Комментариты нысан цӕуы, Тбилис дарддӕр дӕр кӕй парахат кӕны пропагандистон клишетӕ "агресси", "аннекси", "оккупаци" тыххӕй, уый ӕмрӕстӕджы та ницӕмӕ дары Хуссар Кавказы кӕй ис дыууӕ хӕдбар паддзахады — Республикӕ Абхаз ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстон, кӕцытӕ сӕхӕдӕг бӕлвырд кӕнынц сӕ мидӕггагон ӕмӕ ӕддагон политикӕ. Ӕмӕ куыд цыфӕнды хӕдбар паддзахад, афтӕ ифтонг кӕнынц сӕ ӕдасдзинад (уый нымӕцы арӕнты хӕрзарӕзтад ӕмӕ арӕнгӕрон режим фидар кӕнын).

"Хӕларадон Уӕрӕсейимӕ ӕнгом цӕдис ӕмӕ алыварсон ахастыты тыххӕй сӕрибар ӕвзӕрст саразгӕйӕ, уыдон райстой фидар ныфс ӕмӕ хъахъхъӕнынад. Фӕлӕ гуырдзиаг официоз уыдӕттӕ ницӕуыл нымайы. Дарддӕр дӕр ӕнӕкӕронӕй парахат цӕуынц клишетӕ "агресси", "аннекси", "оккупаци", "бордеризаци" тыххӕй. Ницы нысаниуӕг ис уыӕн, цӕмӕй радон хатт ӕвзӕрст ӕрцӕуа ацы дам-думты юридикон ӕмӕ фактон ӕнӕбындурдзинад. Мах раджы ӕрцахуыр стӕм, гуырдзиаг политиктӕм кӕй нӕ хъарынц рационалон аргументтӕ", — дзырдӕуы документы.

Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс.

Республикӕйы уагъд цӕуынц фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Нӕ ферох кӕндзыстӕм, цалынмӕ удӕгас стӕм…"

Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын.
Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц — фӕмард 380 адӕймагӕй фылдӕр.

Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы.

Гуырдзыстон абоны онг дӕр нӕ банымадта райхалгӕ хӕст ӕмӕ ирон радон геноциды фӕдыл йӕ бӕрн.

Ног хабӕртты лентӕ
0