"Операци Æ"-йæн сарӕзтой хатдзæгтæ – уӕй ӕрцыд 5 мин къухылдарæны

© Sputnik / Аида ГагиеваАкци "Операци Æ"
Акци Операци Æ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иу мæймæ волонтертæ ауæй кодтой 5 мин къухылдарæны. Акци "Операци Æ"-йы фæрæзтæ здæхт æрцæудзысты ирон æвзагмæ популярон мультфильмтæ ратæлмац кæныны нысанмæ, стæй ма сæ пайда кæндзысты скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндæтты æмæ социалон хызӕгты.

ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik. Дзæуджыхъæуы хатдзæгтæ скодтой хæрзаудæн акци "Операци Æ"-йæн, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Акци  Операци Æ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Операци "Æ"-йы иууылд активондӕр хайад райстой дзӕуджыхъӕуккӕгтӕ

Иу мæймæ волонтертæ ауæй кодтой 5 мин къухылдарæны. Хæрзаудæн акци "Операци Æ"-йы фæрæзтæ здæхт æрцæудзысты ирон æвзагмæ популярон мультфильмтæ ратæлмац кæныны нысанмæ, стæй ма дзы пайда кæндзысты скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндæтты æмæ социалон хызӕгты. Иумӕйагæй сисгæйæ, акци здæхт у ирон æвзаг бахъахъхъæнынмæ.

"Мах Цæгат Ирыстоны национ спорты хуызты регионалон федерациимӕ сарæзтам фыццаг егъау акци "Операци Æ". Йæ сæйраг нысан уыд ирон æвзаг парахат кæнын æмæ бахъахъхъæнын. Ауæй кодтам 5000 къухылдарæны. Цы æхца æрæмбырд кодтам, уыдон ацæудзысты мультфильмтæ тæлмац кæныныл", — загъта федерацийы разамонæг Дыдарты Сослан.

Хæрзаудæн акци "Операци Æ" цыд Хуссар ӕмӕ Цæгат Иры, афтӕ ма Уæрæсейы горæтты, йӕ фӕлгӕтты уæй цыдысты ирон тырысайы хуызтӕй конд къухылдарæнтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0