Абхазы нысан кӕнынц Бархионы бон

© Из личного архива семьи ЛейбаАбхазские воины
Абхазские воины - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зӕрдылдарӕн бон – 15 август у нывонд Цӕгат Кавказы, Уӕрӕсейы хуссары ӕмӕ ӕндӕр республикӕты бархионтӕн, кӕцытӕ ӕрцыдысты ӕххуысмӕ Абхазӕн, 1992-1993 ӕзты абхазӕгты Фыдыбӕстӕйон хӕсты рӕстӕджы.

ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik, Рада Ажиба. Абхазы адӕмы фыдыбӕстӕйон хӕсты (1992-1993 ӕзты) фыццаг бонтӕй рӕзын райдыдта бархионты змӕлд. Абхазмӕ райдыдтой цӕуын бархионтӕ Цӕгат Кавказ, Уӕрӕсейы хуссар ӕмӕ Кавказаг диаспорӕйы минӕвӕрттӕ фӕсарӕнты. Цӕгат Кавказы бархионтӕ ӕфцгуыты сӕртыл ӕфсымӕрон адӕмӕн куыд цыдысты ӕххуысмӕ ӕмӕ уӕлахизы хъуыддагмӕ бархионты змӕлды хайбавӕрды тыххӕй Sputnik Абхазы уацхӕссӕгӕн радзырдтой хӕсты бархионтӕ ӕмӕ ветерантӕ.

Пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы Sputnik пресс-центрты ӕрымысыдысты 08.08.08 хӕст

1992 азы 15 августы гуырдзиаг-абхазаг хӕсты дыккаг бон Гудаутмӕ ӕрцыд бархионты фыццаг къорд Цӕгат Кавказӕй сӕ сӕргъ Султан Сосналиевимӕ.

Абхазы Хъайтар Мухамед Килба 1992-1993 азты командӕ дӕтта Гагрӕйаг хъахъхъӕнӕн арӕнӕн, уыд Гумистайаг фронты командагӕнӕджы хӕдивӕг, Абхазы Гарзджын тыхты фыццаг бригадӕйы командир.

"Хӕст куы райдыдта, уӕд уыдтӕн Черкесскы. Куыд ӕфсӕддон адӕймаг ӕмӕ абхазаг адӕмы ӕфсымӕр, афтӕ мӕ хӕсыл банымадтой абхазӕгтӕн ӕххуысмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ Апсны бахъахъхъӕнын. Мӕ ныййарджытӕ мӕ фӕндоныл дыууӕ нӕ загътой, мӕ фыд хорзыл банымадта ме ′скъуыддзаг, уымӕн ӕмӕ мын уӕды рӕстӕгмӕ уыд ӕфсӕддон фӕлтӕрддзинад — рацыдтӕн Афганистаны хӕст", — мысы Килба.

Кӕд ӕмӕ Килбайӕн Абхаз уыд йӕ историкон Фыдыбӕстӕ, уӕддӕр уый фыццаг хатт Абхазы зӕххыл йӕ къах авӕрдта хӕстон архӕйдтыты рӕстӕджы.

Хуссар Ирыстонӕй дӕр ӕфсымӕрон адӕм бахъахъхъӕнынмӕ ацыд бархионты стыр къорд. Се ‘хсӕн Козаты Артур ӕмӕ йе ′фсымӕр Робин дӕр. Ацы ӕнӕмсӕр тохы фӕмард Робин, кӕцы йӕ амӕлӕты фӕстӕ хорзӕхджын ӕрцыд Леоны орденӕй.

"Абхазмӕ ӕрцӕуыны фӕстӕ, бахаудтӕн кавказаг адӕмы конфедерацийы штабмӕ, снысан мӕ кодтой сомихаг батальонмӕ. Ме ′фсымӕримӕ уыдыстӕм ӕндӕр къордты. Шромӕ сисыны фӕстӕ, мӕ 18-аздзыд ӕфсымӕр спырх минӕйыл, бирӕ йӕ фӕцагуырдтон", — дзуры йӕ уӕззау мысинӕгтӕ Козаты Артур.

Ӕфсӕддон архӕйдтыты тох кодтой дыууӕ мин бархионӕй фылдӕр. Уыдонӕй 51 адӕймаджы ӕрцыд лӕвӕрд "Абхазы хъайтар"-ы ном, 247 ӕрцыдысты хорзӕхджын Леоны орденӕй, 623 — "Ӕхсардзинады тыххӕй" майданӕй. 260 бархионӕй фылдӕр фӕмард Апсны хъахъхъӕнгӕйӕ.

Тыбылты Леонид: Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæст фæцис агрессоры худинаджы басастæй

Горӕт-хъайтар Гудаутайы хӕсты рӕстӕджы Кавказы хӕххон адӕмты конфедерацийы штаб цы бӕстыхайы уыд, уый размӕ лӕууы зӕрдылдарӕн стелӕ бархионтӕн. Йӕ автортӕ — нывгӕнджытӕ Батал Джапуа, Тимур Кайтан ӕмӕ Беслан Багателиа. Стелӕйыл ӕвдыст ис цӕргӕс — сӕрибардзинады символ, йӕ галиу базыры бын абхазаг тырыса, рахиз базыры бын та — Конфедерацийы тырыса.

Бархионы бон — 15 августы — Республикӕ Абхазы нысан кӕнынц 2012 азӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0