ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕвӕг уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы службӕгӕнджытӕ рахызтысты Хуссар ӕфсӕддон зылды ракетон ӕмӕ артиллерион ӕфсады быдырон ахуыртӕм, хъусын кӕны ХӔЗ-ы пресс-службӕ.
Ахуыртӕ цӕуынц Хуссар ӕфсӕддон зылды авд полигоныл, уый нымӕцы Хуссар Ирыстоны. Хайад сӕ исынц фондз мин ӕфсӕддон службӕгӕнӕгӕй фылдӕр ракетон комплекстӕ "Искандер-М", хæддзæугæ гаубицӕтӕ "Акация" ӕмӕ "Гвоздика"-йӕ спайда кӕнгӕйӕ.
Быдырон рахызт ӕмӕ ахуырты хайад райсдзысты ХӔЗ-ы ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ Цӕгат Кавказы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны. Ӕфсӕддон ахуыртӕ уагъд цӕудзысты полигонтыл — Тарскӕ, Дзарцъем, Гвардеец, Серноводское, Капустин Яр, Дальний ӕмӕ Альпийскийы.
"Быдырон рахызт адарддӕр уыдзӕн 16 сентябры онг ӕмӕ ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ ахуыр кӕндзысты ӕхсын оперативон-тактикон комплекс "Искандер-М"-ӕй, хæддзæугæ гаубицӕтӕй 2С3 "Акация", 2С1 "Гвоздика", "Мста-С" ӕмӕ "Мста-Б", залпон зынджы реактивон системӕтӕй "Град", "Торнадо-Г" ӕмӕ "Ураган", ракетон комплекстӕй "Штурм-С", 120-миллиметрон минӕхсӕгтӕй "Поднос" ӕмӕ "Сани", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Уымӕй дарддӕр ма, артиллерион дӕлхайӕдты зынджы корректировкӕйӕн активонӕй цӕудзӕн пайдагонд ӕнӕпилотон тӕхгӕ аппаратты комплекстӕй "Орлан".