ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ фылдӕр хатт райсынц кредиттӕ Ӕфснайӕн банчы коммерцион нысӕнттӕн, хӕдзар ӕлхӕнынӕн ӕмӕ хос кӕнынӕн, загъта журналисттӕн Ӕфснайӕн банчы разамынады сӕрдар Санахъоты Георгий.
"Банк нысанон кредиттӕ нӕ дӕтты, фӕлӕ мах, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цымыдис кӕнӕм нӕ клиенттӕм, цы нысанӕн сӕ фӕнды кредиттӕ райсын. Фылдӕр хатт сӕ бахъӕуынц коммерцийӕн, хос кӕнынадӕн, хӕдзар ӕлхӕнынӕн. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмбӕстӕгтӕн кредиттӕ куы фӕдӕттӕм хист кӕнӕ чындзӕхсӕв саразынӕн", — загъта Санахъоты Георгий.
Ӕфснайӕн банчы сӕргълӕууӕг банысан кодта, абоны онг цы кредиттӕ раттой, уыдон иумӕйаг суммӕ кӕй у 450 милуан сомы, ноджы ма 668 адӕймаджы лӕууынц рады кредит райсынмӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, клиенттӕ рӕстӕгыл фидынц сӕ кредиттӕ, фӕлӕ вӕййы афтӕ дӕр, куы бахъӕуы тӕрхондонон органтӕм бахатын.
Сӕ фидыны ӕмгъуыд цы кредиттӕн ахызт, уыдон гуырахст у 8 милуан сомы, уыимӕ иумӕ ацы аз 15 хъуыддаджы лӕвӕрд ӕрцыд тӕрхондонон органтӕм.
Санахъоты Георгий банысан кодта, кредит хос кӕнынадӕн кӕй фӕнды райсын, уыдон кӕй уадзынц ӕнӕ радӕй, ӕрмӕст куырдиат хъуамӕ уа бӕлвырдгонд ӕнӕмӕнгхъӕуӕг медицинон документтӕй.
"Нӕ республикӕйы цӕрджытӕй тынг бирӕтӕн нӕй сӕхи хӕдзӕрттӕ. Сӕ фылдӕр сфӕнд кӕнынц банчы кредит райсын ӕмӕ фатер балхӕнын, уымӕн ӕмӕ хӕдзары арендӕйы аргъ у, куыд кредиты ӕрвылмӕйон фиддоны аргъ", — банысан кодта Санахъоты Георгий.
Фӕстаг рӕстӕджы фӕцыбырдӕр ис кредит райсыны рӕстӕг, банчы уагӕвӕрдон фонд 45 милуан соммӕ кӕй схызт, уый фӕрцы.
Уыимӕ иумӕ, банк фӕнд кӕны ацы ӕмгъуыд минимумы онг фӕкъаддӕр кӕнын.
"Кӕд кредиты суммӕ схизы фондз милуан соммӕ, уӕд уый лӕвӕрд ӕрцӕуы фондз азмӕ, 500 мин сомы онг кредиттӕ та — ӕртӕ азмӕ. Мызды ныхмӕ банкӕн йӕ бон нӕу 200 мин сомӕй фылдӕр раттын, йӕ раздахыны ӕмгъуыд у 2,5 азы. Кредиты максималон суммӕ уагӕвӕрдон капиталӕй 20% фылдӕр ма хъуамӕ уа", — загъта Ӕфснайӕн банчы сӕргълӕууӕг.
Республикӕйы кредитты ипотекон системӕ бакӕныны тыххӕй та загъта, банкӕн ныртӕккӕ ахӕм фадӕттӕ кӕй нӕй.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ банчы бавӕрӕгтӕ сты 1565 адӕймаджы. Юридикон ӕмӕ физикон гоймӕгты бавӕрд та у 300 милуан сомӕй чысыл фылдӕр, кӕцытӕй 160 милуан сомы сты цӕрджыты бавӕрдтӕ.