Хуссар Иры банкоматты байгом домы закъондӕттынады ивындзинӕдтӕ

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæБанковские карты международных платежных систем VISA и MasterCard
Банковские карты международных платежных систем VISA и MasterCard - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг банчыты клиенттӕн сӕ бон нӕу се ‘хца Хуссар Ирыстоны райсын, уымӕн ӕмӕ республикӕйы нӕй Уӕрӕсейы Ӕфснайӕн банчы терминалтӕ, уыдон бакӕнынӕн та хъӕуы УФ ӕмӕ РХИ закъондӕттынадмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссын.

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы Ӕфснайӕн банчы банкоматтӕ Хуссар Ирыстоны бакӕныны бакӕныны фадат фӕзындзӕн ӕрмӕстдӕр дыууӕ бӕстӕйы закъондӕттынадмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕсгӕйӕ, загъта дыццӕджы журналисттӕн РХИ Нацбанчы сӕргълӕууӕг Зассеты Феликс.

Банк - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ Ӕфснайӕн банчы сӕргълӕууӕг: кредиттӕ исынц бизнес, хӕдзӕрттӕ ӕмӕ хоскӕнынадӕн

Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй сӕ фылдӕрӕн ис уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад дӕр, уыдонӕй бирӕтӕ Уӕрӕсейы территорийыл исынц пенситӕ ӕмӕ ӕндӕр социалон ӕххуыс, сты уӕрӕсейаг банчыты клиенттӕ. Фӕлӕ республикӕйы терминалтӕ кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ уыдонӕн сӕ бон нӕу се ‘хца республикӕйы райсын.

"Республикӕйы фидыны системӕйы баконд, кӕцы бар дӕттит УФ Ӕфснайӕн банчы картӕтӕ исынӕн, иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ‘скъуыддзаг кодтам уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ дӕр. Фӕлӕ ӕмбарын хъӕуы — уый у Уӕрӕсейы националон фидынадон системӕ ӕмӕ йӕм цӕмӕй ӕндӕр бӕстӕ ӕрбаиу уа, уый тыххӕй дыууӕ бӕстӕйы закъондӕттынадмӕ дӕр хъӕуы ивындзинӕдтӕ бахӕссын", — загъта Зассейы фырт.

Уый ма бафтыдта, Хуссар Ир кӕй хъуамӕ бацӕуы Уӕрӕсейы банкон системӕмӕ, цӕмӕй лӕггад кӕна уӕрӕсейаг банкты картӕты хицӕуттӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0