ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Хуссарирыстойнаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ таможнӕйы кусджытӕ, афтӕ ма паддзахадон ӕдасдзинады комитеты минӕвӕрттӕ къуырийы дӕргъы сӕ хъус дардзысты Гуырдзыстонимӕ арӕныл Ленингоры районы уадзӕн пункт "Раздӕхӕн"-ы куыстмӕ. Ахӕм фӕндон райст ӕрцыд районмӕ вице-премьер Козаты Дмитрийы балцы фӕстӕ, хъусын кӕны президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.
"Раздахæн" йæ куыст райдыдта 2010 азы, дыууæ азмæ уадзæн пункт æххæстæй æрцыд хæрзарæзт. Ууылты æрвылбон хизынц 700 адæймаджы, сӕ фылдӕр кнынц коммерцион архайд — ласынц дыргътӕ ӕмӕ халсӕрттӕ Гуырдзыстонӕй, кӕцытӕ уый фӕстӕ уӕй кӕнынц республикӕйы базарадон объекттӕн.
"Раздахæн"-ы таможнæйон контролы пункт нæй, арæнхъахъхъæнджытæн та нæй уыцы функцитæ, уымӕ гӕсгӕ уыдон сӕ хъус нӕ дарынц, цал хатты рахызт уадзӕн пунктыл иу кӕнӕ иннӕ адӕймаг ӕмӕ цас бӕрц продукци раласта (иу адӕймагӕн 50 кг). Уымӕ гӕсгӕ хъахъхъӕд нӕ цӕуы уадзӕн пункты уагӕвӕрд.
"Уадзӕн пункты уылты ӕрвылбон 6.30-20.00 ӕрбаласт цӕуы 200 тоннӕйы онг хъӕууон хӕдзарадон продукци, кӕцы уый фӕстӕ реализаци кӕнынц республикӕйы территорийыл. Уымӕ гӕсгӕ, Ленингоры цӕрджытӕ скъуыддзаг кӕнынц дыууӕ хӕслӕвӕрд: сӕхицӕн кусынц кӕрдзыны ӕхца ӕмӕ республикӕйы цӕрджыты ифтонг кӕнынц ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хъӕууонхӕдзарадон продукцийӕ", — загъта районы МХУ-йы сӕргълӕууӕг Битарты Роберт.
Козаты Дмитрий бахӕс кодта, уадзӕн пункты къуырион мониторинг ауадзын арӕнхъахъхъӕнӕн ӕмӕ таможнӕйон органты кусджыты, афтӕ ма ПӔК-ы минӕвӕртты хайадистӕй.
Уымӕй дарддӕр ма бахӕс кодта Ленингоры районы Мидхъуыддӕгты управленийӕн сбӕлвырд кӕнын, Гуырдзыстоны хъӕууонхӕдзарадон продукци цӕмӕн уӕй кӕнынц Хуссар Ирыстоны ӕртӕ-цыппар хатты зынаргъдӕрӕй.
"Сӕвзӕргӕ уавӕр хынцгӕйӕ, ӕрцыд рӕстӕг экологон ӕмӕ экономикон ӕдасдзинад сифтонг кӕныны фарстытӕ ӕрӕвӕрын, афтӕ ма махӕн нӕ бон нӕу сӕхгӕнын нӕ цӕстытӕ республикон бюджет ӕххӕст кӕныны фадӕттыл, кӕцытӕ дӕтты, уадзӕн пункт "Раздӕхӕн"-ыл цы реалон уавӕр сӕвзӕрд, уый", — загъта вице-премьер.
Хицауады пресс-службӕйы банысан кодтой, вице-премьер цы амалиуӕггӕнджытимӕ ныхас кодта, уыдон разы кӕй сты, барлӕвӕрд цы продукцийыл ис, уыдон ласыны уагӕвӕрдимӕ, "уыдон разы сты таможнӕйон фиддонтӕ фидын, ӕрмӕст уыцы ӕрбаластӕн хъуамӕ уа ӕмбӕлон статус ӕмӕ уа сыгъдӕг".
Козаты Дмитрий банысан кодта, дарддӕры скъуыддзӕгтӕ ист кӕй цӕудзысты мониторингы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ.