Дыгъуызы Аланы "Фæсайдзæ — амæлдзæ" райста кинофестиваль "Созвездие"-йы диплом

© FacebookАлан Догузов
Алан Догузов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уымæй дарддæр ма, кæсджыты хъӕлӕстӕм гæсгæ, кинофестивалы хуыздæр нæлгоймаджы фæлгонцы приз райста кинонывы архайæг актер Алексей Анищенко.

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Ирон актер Дыгъуызты Аланы киноныв "Фæсайдзæ — амæлдзæ" райста кинойы актерты æхсæнадæмон фестиваль "Созвездие"-йы диплом "За режиссерский дебют", фехъусын кодта социалон хызæг Facebookы актер.

"Фæсайдзæ — амæлдзæ" у ирон актер æмæ режиссер Дыгъуызты Аланы дебютон куыст, ист у Юрий Поляковы пьесæ "Одноклассники"-мæ гæсгæ.

"Мæнмæ дæр æрхаудта кинофестивалы хорзæхтæй — райстон диплом режиссерон дебюты тыххæй", — ныффыста уый йӕ фарсыл.

Афтӕ ма Дыгъуызты Алан фехъусын кодта, æхсæнадæмон кинофестиваль "Созвездие"-йы хуыздæр нæлгоймаджы æмæ сылгоймаджы фæлгонцтæм кæй раразмæ кодтой кинонывы æртæ актеры — Алеса Качер, Артем Ткаченко æмæ Алексей Анищенкойы.

"Кæсджыты хъуыдымæ гæсгæ, кинофестивалы хуыздæр нæлгоймаджы фæлгонцы приз райста "Фæсайдзæ — амæлдзæ"-йы архайæг актер Алексей Анищенко", — бафтыдта уый. 

"Фæсайдзæ — амæлдзæ" у вазыгджын социалон-психологон драмæ, кæцы æрбамбырд кодта æхсæнады алыгъуызон фæлтæрты адæмы — нуазаг поэты, динамонæджы, олигархы, австралиаг эмигранты, скъолайы ахуыргæнæг æмæ рæсугъд бурхил сылгоймаджы.

Фильм Фæсайдзæ – амæлдзæ-йæ кадр - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фæсайдзæ – амæлдзæ"

Уыдон иууылдæр сты раздæры æмкъласонтæ, кæцытæ æрбацыдысты, цæмæй раарфæ кæной Иван Костромитинæн йӕ 40 азы юбилейы цытæн, кӕцы у хӕстон архӕйдтыты ветеран ӕмӕ у инвалидон къæлæтджынмæ баст.

Операторон куыст кинонывы бакодта не ‘мзæххон Кæсойты Алан. Фильм "Фӕсайдзӕ — амӕлдзӕ" ма дебютон куыст у ирон чызгӕн — æвзонг композитор Алана Токасон ныффыста киномӕ музыкӕ.

Дыгъуызты Алан у кино æмæ театры актер, режиссер, студи FARN MOVIE бундурæвæрæг. Кинойы хъазын Алан райдыдта Щепкины номыл театралон ахуыргæнæндоны ахуыры рæстæджы, йæ дебютон куыст ссис фильм "Тайный знак". Йæ биографийы ис цыгайнаг театр "Ромэн"-ы куыст, рольтæ ахæм кинонывты, куыд "Парни из стали", "Цвет неба", "Капитанские дети", "Десантура", "Молодой Волкодав", "Кармелита. Цыганская страсть".

Ног хабӕртты лентӕ
0