УУМ: "Лидер" кӕронмӕ бакодта Хуссар Ир минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны куыстытӕ

© Sputnik / Алексей КовалевХуссар Ирыстоны УУМ-ы сӕргълӕууӕг Санахъоты Сергей
Хуссар Ирыстоны УУМ-ы сӕргълӕууӕг Санахъоты Сергей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууӕ мӕймӕ сапертӕ ссардтой 350 мин рӕмудзӕн ӕрмӕджы ӕмӕ ссыгъдӕг кодтой Хуссар Ирыстоны территорийӕ 50 га.

ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik. Уӕрӕсейы УУМ-ы саперты къорд кӕронмӕ акодта республикӕйы территори минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны куыстыты фыццаг этап, фӕзуаты 50 га рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ, загъта цыппӕрӕмы Хуссар Ирыстоны УУМ-ы сӕргълӕууӕг Санахъоты Сергей.

"Коллегӕтӕ ӕрцыдысты республикӕмӕ ацы аз июны. Дыууӕ мӕйы мидӕг центр "Лидер"-ы специалисттӕ ӕрвылбон арӕзтой фото ӕмӕ видео хъыгъдлӕвӕрд бакӕнгӕ куыст ӕмӕ ссардгонд рӕмудзӕн ӕрмӕджыты тыххӕй. Сӕ куысты рӕстӕджы уыдон ссардтой 350 рӕмудзӕн ӕрмӕгмӕ ӕввахс. Специалисттӕ бакодтой стыр куыст ӕмӕ сын бантыст сӕ мисси сӕххӕст кӕнын", — банысан кодта Санахъоты Сергей.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къуырисӕры Уӕрӕсейы УУМ-ы къухдариуӕгад ӕрцӕудзӕн Хуссар Ирмӕ, дыууӕвӕсыг акт бафыссыны тыххӕй.

УУМ сапертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг УУМ-ы сапертӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр ссыгъдӕг кодтой 40 га Хуссар Ирыстоны

"Акт бафыссыны фӕстӕ, минӕтӕй ссыгъдӕггонд территори лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн мах фарсӕн, уагъд ӕрцӕудзӕн брифинг нӕ коллегӕты ӕмӕ мыхуыры фӕрӕзты минӕвӕртты хайадистӕй", — загъта министр.

Уый ма банысан кодта, саперон къорд кӕй ӕрӕздӕхдзӕн Хуссар Ирмӕ иннӕ аз, цӕмӕй адарддӕр кӕна йӕ куыст Хуссар Ирыстон минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны фӕдыл.

Ацы куыстытæ æххæст цæуынц Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы президентты æхсæн бадзырдты æмæ дыууæ бæстæты УУМ-ы æмгуыстады нывӕзттӕм гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0