Хуссар Ир, Абхаз, ДАР ӕмӕ ЛАР-йы парламентты спикертӕ фембӕлдзысты Луганскы

© Sputnik / Ада БагианАлександр Захарченко Цхинвалы
Александр Захарченко  Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыппар республикӕты парламентаритӕ ӕруынаффӕ кӕндзысты Луганскы ӕмгуыстады фарстытыл.

ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстон, Абхаз, Донецк ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕты парламентты сӕргълӕуджытӕ ауадздзысты цыппарварсон фембӕлды Луганскы, хъусын кӕны ЛАР-йы Адӕмон советы пресс-службӕ.

"19 августы Луганскы, ӕхсӕнадӕмон тымбыл фынг "Республикӕйы цард: ӕхсӕнадон-политикон ӕмӕ социалон-экономикон аспекттӕ"-йы фӕлгӕтты ЛАР, ДАР, Республикӕ Хуссар Ирыстоны парламентты сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ Абхазы парламенты спикер ӕруынаффӕ кӕндзысты ӕмгуыстады фадӕттыл", — фехъусын кодта агентады дзырдӕмбал.

Адӕмон советы прес-службӕйы ма банысан кодтой, тымбыл фынджы куысты ма хайад кӕй райсдзысты УФ Федерацийы советы уӕнг Андрей Соболев, афтӕ ма ӕхсӕнадӕмон ӕхсӕнадон архайджытӕ Финлянди, Австри ӕмӕ Италийӕ.

"Тымбыл фынджы куысты рӕстӕджы, хайадисджытӕ ӕруынаффӕ кӕндзысты ахӕм фарстатыл, куыд Украинӕйы ӕрдыгӕй минскаг бадзырдты ӕххӕст кӕнын ӕмӕ ЛАР-ы цӕрджыты сидт ООН-ы Ӕдасдзинады советмӕ", — фехъусын кодтой пресс-службӕйы.

2014 азы апрелы райдианы Украинӕйы Донецкаг ӕмӕ Луганскаг областты цӕрджытӕ, февралы паддзахадон фӕфӕлдӕхт закононыл нӕ банымадтой ӕмӕ расидтысты "адӕмон республикӕты" сырӕзт.

Коцты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент бафысдзæн бадзырдтæ Абхаз, Луганск æмæ Донецкимæ

Майы референдумтӕ ауадзыны фӕстӕ, республикӕтӕ расидтысты сӕ суверенитет, сарӕзтой сӕхи паддзахадон органтӕ, ноябры ДАР ӕмӕ ЛАР-ы ацыдысты республикӕты сӕргълӕуджыты ӕмӕ парламенты депутатты ӕвзӕрстытӕ. Киев ЛАР ӕмӕ ДАР-ы нӕ банымадта, ацы территоритӕ нымайы оккупацигондыл. Украинӕйы хицауад 2014 азы апрелы райдыдтой ӕфсӕддон операци ЛАР ӕмӕ ДАР-ы ныхмӕ. ООН-ы фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, конфликты амӕттаг ссисты 9,5 мин адӕймагӕй фылдӕр.

Гуырдзыстон 8 августы ӕхсӕвы райдыдта ӕхсын "Град"-ӕй Хуссар Ирыстоны, гуырдзиаг ӕфсад балӕбурдтой республикӕмӕ ӕмӕ йын ныппырх кодтой йӕ столицӕ — Цхинвалы хай. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты бахъахъхъӕныны нысанӕн бакодта йе ′фсад республикӕмӕ ӕмӕ фондз бон хӕстон архӕйдтыты фӕстӕ феддӕдуар кодта гуырдзиаг ӕфсады регионӕй. Уыцы рӕстӕджы Абхаз та гуырдзиаг ӕфсадыл ахӕцыд Къодоры комы уӕллаг хайӕ. УФ, 2008 азы 26 августы банымадта дыууӕ автономийы суверенитет. Уӕрӕсейы къухдариуӕгад иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загътой, дыууӕ раздӕры гуырдзыстойнаг автономиты хӕдбардзинад банымад у нырыккон реалитӕ ӕвдисӕг ӕмӕ аивд не ‘рцӕудзӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0