Цхинвалы дуканитӕй иуы уӕйгӕнӕгмӕ ссардтой "снюс"

Рафыссын
Сылгоймаг дуканийы хицауы сусӕгӕй уӕй кодта тобӕгонд буарад. Уый ӕрцыд ивар 30 мин сомы бӕрц.

ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ кусджытӕ сбӕлвырд кодтой тобӕгонд буарад "снюс" ӕнӕзакононӕй уӕй кӕныны факт, фехъусын кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны парламент марты райста æууилгæ тамако "снюс", "насвай" æмæ æндæр ӕнгӕс буарадты æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ спайда кæныныл тобæ сæвæрыны фæдыл закъон.

Фæткхалджытæ фиддзысты ивар 20-150 мин сомы, кæнæ дыууæ мæйы æмгъуыдмæ баконд æрцæудзысты ахæстоны тобæгонд тамако æмæ ӕндӕр ӕнгӕс буарадтӕ парахат кæныны тыххæй.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент тобæ сæвæрдта "снюс" æмæ "насвай" парахат кæныныл

"Оперативон информаци реализаци кӕныны рӕстӕджы милицийы кусджытӕ сбӕлвырд кодтой тобӕгонд буарад "снюс"-ы реализацийы факт 8-ӕм июны уынгӕй дуканийӕ. Уӕйгӕнӕг Гаглойты Иветӕ Иваны чызг хицауы сусӕгӕй уӕй кодта тобӕгонд буарад", — загътой пресс-службӕйы.

Фӕткхалӕгыл ӕрцыд ӕвӕрд административон бӕрн, афтӕ ма ӕрцӕудзӕн иваргонд 30 мин сомы бӕрц.

Амӕй размӕ, арӕнхъахъхъӕнджытӕ цалдӕр хатт ӕрцахстой, республикӕмӕ тобӕгонд буарадтӕ чи фӕлвӕрдта ӕрбаласын, ахӕм адӕмы. Уыдон сӕйраджыдӕр уыдысты Узбекистан ӕмӕ Таджикистаны ӕмбӕстӕгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0