ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ-ы кусджытӕ республикӕйы хъӕутӕй иуы ссардтой, цхинвайлаг автовокзалӕй ӕхца чи адавта, уыдонӕй иуы машинӕ, фехъусын кодтой ведомствӕйы пресс-службӕйы.
Фыдракӕнд арӕзт ӕрцыд ацы аз июны, абырджытӕ адавтой иу милуан сомӕй фылдӕр. Барадхъахъхъӕнӕн органтӕн уайтагъд бантыст фыдгӕнджытӕй иуы ӕрцахсын. Фыдракӕнды ӕмархайӕг — Гобозты Алексей лӕвӕрд ӕрцыд агуырдмӕ.
"Цхинвалы районы Къостайы хъӕуы (Цъунар) оперативон информацийы реализацийы рӕстӕджы, 36-аздзыд цӕрӕджы хӕдзары криминалон милицийы кусджытӕ ссардтой урс автомашинӕ "ВАЗ-Приора". Машинӕйы регистрацион номырты хицау у 28-аздзыд Гобозты Алексей (фӕсномӕй "Бибо"), кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы Цхинвалы автостанцы кассирӕй ӕхца давынмӕ", — загътой пресс-службӕйы.
МХМ-ы зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, абырджытӕ кӕй ахастой 1 млн 200 мин сомы бӕрц ӕхца — автотранспортон куыстуаты кусджыты мызд.
Басгӕрсты рӕстӕджы милицийы кусджытӕ ссардтой ӕнӕзаконон хӕстӕрмӕджытӕ, хӕдзары хицау ӕрцыд ахст.
Ацы хъуыддаджы фӕдыл бакондӕуыд уголовон хъуыддаг. Ист цӕуынц мадзӕлттӕ фыдракӕнды ӕмархайджыты сбӕлвырд кӕнын ӕмӕ ӕрцахсыны фӕдыл.