ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Саулохты Георгий ӕмрӕстӕджы архайы дыууӕ нӕ, фӕлӕ ӕртӕ профессийы — медицинӕ, аивад ӕмӕ спорты къабазты. Курдиатджын ӕрыгон адӕймагыл радзырд, кӕцы цӕуы "кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ къухты ӕнтыстытӕ бафта, уӕд архай" принципы фӕдыл, дарддӕр кӕны Sputnik проект, професситӕ чи иу кӕны, ахӕм адӕмыл.
Дохтыр-рентгенолог
Медицинон ахуырад райсыны фӕстӕ, Георгий бацыд ахуырмӕ Мӕскуыйы ординатурӕмӕ. Уӕрӕсейаг столицӕйы ӕрыгон специалистӕн банхъардтой куыст, фӕлӕ Георгийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы цӕрын ӕмӕ кусын йӕ нывӕзты нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй ӕрӕздӕхт райгуырӕн Цхинвалмӕ.
"Мӕскуыйы дӕр мын баныфсӕвӕрдтой куыст, Ханты-Мансийскы дӕр, фӕлӕ аскъуыддзаг кодтон Ирыстонмӕ ӕрӕздӕхын. Нӕ дызӕрдыг кӕнын, рӕстӕджы цыдимӕ, нӕ республикӕ дӕр йӕ къӕхтыл кӕй слӕудзӕн", — дзуры дохтыр.
Цхинвалы горӕттаг рынчындонмӕ куы бацыд кусынмӕ, уӕд авд мӕйы мидӕг уыд иунӕг рентгенолог. Дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕм ӕрвылбон ӕрбацӕуы 50 адӕймагмӕ ӕввахс.
Къамтӕ райсгӕйӕ, рентгенолог сӕ сахуыр кӕны ӕмӕ саразы медицинон хатдзӕг. Йӕ раст кӕнӕ рӕдыд хатдзӕгтыл баст у пациенты хоскӕнынады тактикӕ.
"Фыццаг мын уыд зындӕр. Уымӕн ӕмӕ ногӕй райдыдтон кусын ӕмӕ уыдтӕн иунӕг рентгенолог, уынаффӕ кӕмӕй райстаин, уый дӕр нӕ уыд. Ӕхсӕвыгӕтты иу бадтӕн чингуыты уӕлхъус, цӕмӕй сбӕлвырд кодтаин, раст диагноз сӕвӕрдтон ӕви нӕ. Фӕлӕ хъæддыхдзинад ӕмӕ хиуыл куыст алыхатдӕр ӕххуыс сты", — дзуры Георгий.
Ӕрыгон специалисты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕхъӕн республикӕйӕн иу рентгены аппарат фаг нӕу. Нырыккон ифтонггарзмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, техникӕ алыхатт нӕ фӕтых вӕййы куысты егъау гуырахстыл.
"Ныртӕккӕ нын бирӕ куыст ис, фӕлӕ ног хирургион комплексы ӕрбайгомимӕ, кӕцы ифтонг уыдзӕн нырыккон стандарттӕм гӕсгӕ, куыст фӕрогдӕр уыдзӕн", — банысан кодта дохтыр.
Куыд алы медик, афтӕ Георгий дӕр ӕрвылбон ӕмбӕлы уӕззау хъысмӕтимӕ пациеттимӕ. Моралон зындзинӕдтӕ ис, фӕлӕ зындӕр уавӕры та сты специалисттӕ, кӕцытӕ пациенттӕн схос кӕрынц кӕронмӕ.
"Психологон цӕстӕнгасӕй рентгенологӕн у ӕнцондӕр, хирургимӕ абаргӕйӕ, кӕцы пациентимӕ архайы, цалынмӕ йӕ бынтон не ′сӕнӕниз кӕны — уый моралон ӕгъдауӕй зындӕр у. Зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, ӕз уарзын мӕ професси ӕмӕ ис зӕгъӕн, кӕй дзы дӕн рынчын", — ӕмбарын кӕны Георгий.
Адӕймаджы сӕйраг миниуӕгыл нымайы, йӕ зонындзинӕдтӕ ӕппынӕдзух уӕрӕхдӕр кӕнын. Цыфӕнды професси дӕр, медикы ныхӕстӕм гӕсгӕ, домы ӕппынӕдзух хиразмӕцыд.
Нывгӕнӕг-график
Хӕрзчысылӕй фӕстӕмӕ Георгий йӕ тыхтӕ фӕлвӕрдта аивнывкӕнынады. Аивадмӕ йӕ цымыдис баст у йе сфӕлдыстадон миддунеимӕ, ног зонындзинӕндтӕ райсыны фӕндонимӕ. Ацы миниуджытӕ фӕахъаз сты уымӕн, цӕмӕй сфӕлдыстады йӕ къухты бафта ӕнтыстытӕ.
"Рагӕй архайын ныв кӕнын, фӕлӕ мын графикӕ ӕввахсдӕр у — уым ис фылдӕр контраст. Ныртӕккӕ архайын ӕрмӕстдӕр графикӕйы", — дзуры курдиатджын лӕппу.
Царды ӕндыгъд ритммӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, нывгӕнӕг уӕддӕр ссары рӕстӕг аивадон сфӕлдыстадӕн, кӕцы йын лӕвар кӕны ног тӕлмӕнтӕ.
Ацы аз июны, хуссарирыстойнаг нывгӕнджыты куыстытӕн уыд равдыст Хъырымаг аивадон музейы, экспозици "Хуссар Ирыстон — Хъырым"-ы фӕлгӕтты. Уым Георгийӕн дӕр уыд цалдӕр куысты. Нывгӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъырымӕгтӕ бӕрзонд аргъ скодтой не ′мзӕххонты куыстытӕн.
"Нӕ нывгӕнджыты сфӕлдыстад хицӕн кӕны уӕлдай националон колоритӕй, кӕцы бирӕ бӕрцӕй ӕвдыст у нӕ кустыты. Нӕ куыстытӕ сты ирд, ис сӕ удыгас энергетикӕ. Уымӕй стӕм цымыдисаг нӕ алфӕмблай адӕмӕн, нӕ куыстытӕ адӕмӕн лӕвар кӕнынц ӕхцондзинад ", — дзуры Георгий.
Саулохты Георгийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хъырымы равдыст у Хуссар Ирыстонӕн стыр информацион размӕцыд. Ис ын стыр культурон нысаниуӕг.
Республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны бонмӕ, Хуссар Ирыстоны нывгӕнджыты цӕдис ауадздзӕн равдыст "Хуссар Ирыстон — Хъырым". Куыстыты ӕхсӕн аивадуарзджытӕн уыдзӕн фадат Георгийы куыстытӕ дӕр фенын.
Шахматист
Шахматтæ Георгийæн бауарзын кодта йæ нана æртæ аз ма йыл куы цыд, уæд. Фæстæдæр уый райдыдта зæрдæрардæй цæуын къордмæ.
Спорты ацы хуызы уымæн йæ къухты бафтыд стыр æныстытæ. Стæмтæ зонынц уый, 2015 азы кæй архайдта Шахматты дунеон ерысты.
Саулохты Георгий у Хуссар Ирыстоны Шахматты федерацийы бындурæвæрæг æмæ президент. Федерацийы куыст здæхт у шахматты популяризаци кæнынмæ.
"Шахматистты советон фæлтæр ацыд. Ныридæгæн хъæуы хъусдард аздахын рæзгæ фæлтæртæм æмæ цалдæр азы фæстæ нæ архайд æрхæсдзæн фæстиуджытæ. Хуссар Иры ис бирæ курдиатджын сывæллæттæ, кæцытæн сæ бон суыдзæн хорз бæрæггæнӕнтæ равдисын", — æмбарын кæны Георгий.
Уымæй дарддæр ма, шахматист банысан кодта, кæй хъæуы уадзын мидæггагон чемпионаттæ æмæ хъæуы цæуын фæсарæнтæм дæр, цæмæй æвзонг шахматисттæ исой фӕлтӕрддзинад.
Ӕрвылаздæр республикæйы ацæуы æртæ турниры. Саулохты Георгийы æввахс планты ис Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Ирыстоны′ хсæн шахматты турнир ауадзын
Ис ын гуырахстджын хъуыдытæ дæр — шахматты федерацийы хистæр бæллы æппæтдунейон шахматты федерацийы (FIDE) скондмæ бацæуын нæхи тырысайы бын.
"Нæ нывæзты ис хорз бæрæггæнæтæ райсын, цæмæй бадæттæм куырдиат æппæтдунейон шахматты федерацимæ бацæуыны тыххæй. Хуссар Ир олимпиадæмæ куы бахауа уымæй стырдæр бæллиц нын ницы ис", — банысан кодта шахматист.
Уый тыххæй нæ фыццаг рады хъæуы, нæхи хатæн, цыран ахуыр кæндзысты шахматисттæ, уымæй дарддæр хъуамæ архайой республикæйӕн ӕддейӕ турнирты.
"Кæд нæ хицæн паддзахадæй ма райсой, фæлæ архайæм FIDE-йы тырысайы бын, уый дæр уыдзæн хорз. Ис бирæ курдиатджын хуссарирыстойнаг шахматисттæ, кæцытæ хъахъхъæнынц Уæрæсейы спортивон кад. Куы баиу уæм æмæ Хуссар Иры æмбырдгонд куы саразæм, уæд æвзæр бынат нæ бацахсдзыстæм олимпиадæйы", — зæгъы Георгий.
Георгий сæтты, сæйраг ын кæй у дохтыры дæсныйад, кæцы хæссы æвæрццаг миниуджытæ йæ цардмæ. Шахматтæ æмæ аивад та кæрæдзийæ нæ хицæн кæны æмæ сын зæрдæрардæй нывонд кæны йæ сæрибар рæстæг.