Пӕррӕстаты Дмитрийы дыууӕ царды

© Sputnik / Алексей КовалевПӕррӕстаты Дмитрий
Пӕррӕстаты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иуӕй-иу адӕмӕн зын у сӕхи ӕрмӕст иу профессийы арӕны ӕвӕрын. Сӕ гоймагдзинады бирӕвӕрсыгдзинад сын фадат нӕ дӕтты ӕрмӕст иу хъуыддаг аразынӕн. Битеты Вадим кусы ӕфсӕддон комиссарады ӕмӕ кӕны ныв.

ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik, Хъотайты Мария. Бирӕ адӕм тырнынц сӕ цард арвитын иууыл стырдӕр пайдаимӕ сӕхицӕн ӕмӕ алфамблайӕн. Егъау энерги, цымыдис ӕмӕ царды бӕрзӕндтӕм схизыны бӕллиц уыдонӕн нӕ дӕттынц фадат сӕ цӕст ӕрмӕст иу профессийыл ӕрӕвӕрын. Пӕррӕстаты Дмитрий ссис Sputnik Хуссар Ирыстоны проект "Дыууӕ царды"-йы хъайтар, фӕлӕ раст зӕгъгӕйӕ, йӕ цӕрдтӕ сты ӕртӕ. Уый у Падзахадон драмтеатры актер, парламенты депутат ӕмӕ культурӕйы хайады гӕс фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты. Адӕймаджы сӕйрагдӕр миниуджытыл нымайы намыс ӕмӕ æнæхиндзинад.

Театр

Аивадон миниуджытӕ Димамӕ фӕзындысты скъолайы рӕстӕджы. Уый иста активон хайад скъолайон равдыстты ӕмӕ сценкӕты. Скъолайы предметтӕ ахуыры бӕсты-иу уый аныгъуылд аивадон литературӕйы ӕмӕ скъола каст фӕуыны фӕстӕ бацыд ахуырмӕ Щепкины номыл ахуыргӕнӕндонмӕ. Ӕрӕздӕхыны фӕстӕ, йӕхи уайтагъд бауарзын кодта хуссарирыстойнаг театралтӕн.

Битеты Вадимы дыууӕ царды - Sputnik Хуссар Ирыстон
Битеты Вадимы дыууӕ царды

Театралон аивадуарзджытӕ хорз зонынц, уый сценӕйӕн йӕхи куыд дӕтты ӕмӕ куыд арф аныгъуылы ролы. Ӕмӕ уый арӕзт цӕуы бӕрзондл гонорарты тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ професси кӕй уарзы. Уарзын та йӕ, Димайы хъуыдымӕ гӕсгӕ, фаг нӕу — хъуамӕ дзы уай рынчын. Цыфӕнды профессионал дӕр, цӕмӕй йӕ къухты ӕнтыстытӕ бафта, уый тыххӕй хъуамӕ цыдӕр ӕхӕсса нывондӕн ӕмӕ уа чысыл рынчын, фидарӕй уырны Димайы. Театр у йӕ райгуырӕн къуым ӕмӕ сфӕлдыстадон хъуыдыты реализацийы аргъуан. Йӕ бон райдайы театры репетицитӕй. Ныртӕккӕ уый исы хайад Шекспиры пьесӕмӕ гӕсгӕ Дзуццаты Тамерланы ног спектакль "Виндзорские насмешницы"-йы.

"Пьесӕйы хъазын Слендеры роль — тӕрхонгӕнӕджы хӕрӕфырты. Мӕ персонаж у астӕуккаг къласы хъайтар, кӕцы ӕппӕт тыхтӕй дӕр архайы адӕмы рӕгъы рацӕуын. Театры дӕр ӕмӕ парламенты дӕр ныртӕккӕ ис сӕрдыгон улӕфтытӕ. Августы кӕронмӕ дунейы театрты ис улӕфт, уымӕн ӕмӕ сӕрдыгон рӕстӕг театралон сезон у ӕхгӕд. Шекспиры комеди "Виндзорские насмешницы"-йы премьерӕ сценӕмӕкӕсӕг фендзӕн сентябры", — загъта артист.

Уый ӕмрӕстӕджы кусы рувасы ролыл дӕр Тъехты Василийы сывӕллӕтты аргъау "Тӕрхъусы амонд"-ы. Димайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, зындӕр у алӕмӕттаг аргъӕутты хъайтарты роль ӕххӕст кӕнын, сывӕллӕтты раз хъазын.

"Аргъӕутты хъайтарты куы хъазай, уӕд дӕхицӕн бӕлвырд кӕныс дӕ курдиат. Иууыл бузныг ӕмӕ зӕрдӕмӕисагдӕр сценӕмӕкӕсӕг у саби. Сывӕллӕттӕ уӕлдай тынгдӕр ӕнкъарынц персонажты хъазт. Хистӕр кары сценӕмӕкӕсӕг у фӕрсаг цӕстдарӕг, сывӕллӕттӕ та тынг цымыдисы вӕййынц сценӕйыл цӕугӕ архайдӕй", — дзуры артист.

 

Димӕйы бӕллиц у Хуссар Ирыстоны аив арӕзт стыр киностуди саразын, цы ран уаид фадат аразын анимацион ӕмӕ документалон кинотӕ, ӕхсӕнадӕмон фестивальтӕ ӕмӕ хуссарирыстойнаг нывгӕнджыты равдысттӕ уадзын.

Парламент

Культурӕ, ахуырад ӕмӕ дины фӕдыл парламентон комитетмӕ Дмитрий ӕвзӕрст ӕрцыд 2014 азы парти "Адӕмы иудзинад"-ӕй. Закъондӕттӕн органы йӕ мисси уыны культурӕйы къабаз сӕндидзын ӕмӕ раразмӕ кӕныны — "мӕхи нӕ, фӕлӕ ног фӕлтӕры тыххӕй".

"Парламенты уылты мӕ фӕнды фылдӕр хъусдард аздахын культурӕмӕ. Цыдӕртӕ мын ӕнтысгӕ дӕр бакодта. Ныртӕккӕ мӕ архайд здӕхт у, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисты ном радгай алкӕмӕн лӕвӕрд мауал цӕуа. Адӕмон артисты номы тыххӕй та мӕ фӕнды зӕгъын, ӕмӕ сценӕмӕкӕсӕг йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ скъуыддзаг кӕна, ацы артист аккаг у ӕви нӕ ацы бӕрзонд ӕмӕ кадджын ном хӕссын", — дзуры Дмитрий.

Йӕ нымадмӕ гӕсгӕ, артист 20 кӕнӕ 30 азы сценӕйыл кӕй кусы, уый ууыл дзурӕг нӕу ӕмӕ аккаг кӕй у ацы ном хӕссын.

"Сгуыхтздинад" артисты мыздмӕ ӕфтауы 350 сомы. "Адӕмондзинад" та 700 сомы. Фӕнды нӕ райсын ӕмбӕлон закъон, цӕмӕй,фыццаджыдӕр, ацы кадджын нӕмтты культурон нысаниуӕг фӕбӕрзонддӕр кӕнӕм, дыккаджы та — кӕд артист ацы нӕмтты аргъ у, уӕд ын социалон лӕггӕдты пакеты хъуамӕ лӕвӕрд цӕуой бӕлвырд льготӕтӕ, уӕлӕмхас сомтӕ нӕ, фӕлӕ", — нымайы курдиатджын адӕймаг.

Уый тынг тыхсы ног театры арӕзтадыл. Депутат у ӕнӕдызӕрдыг, уый дзуапп кӕй хъуамӕ дӕтта профессионалон театры стандарттӕй алкӕцыйӕн дӕр — зӕл, акустикӕ, рухс ӕмӕ архитектурон нывӕзтмӕ гӕсгӕ.

Анна Гаглоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Аннӕйы дыууӕ царды

"Театры раздӕры бӕстыхай арӕзт уыд рагон технологитӕм гӕсгӕ, цӕй фӕрцы залы дӕр ӕмӕ сценӕйыл дӕр уыд сыгъдӕг зӕлтӕ ӕмӕ ӕмбӕлон акустикӕ. Куыддӕр ӕддагон куыстытӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уой ӕмӕ ӕрӕвналой мидӕггагон куыстытӕм, уӕд нӕ хъус лӕмбынӕгдӕр дарын райдайдзыстӕм арӕзтадмӕ. Мах уым хъӕудзӕн кусын ӕмӕ ӕндӕр театр та нал сараздзыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ, развӕлгъау хъӕуы бахынцын алы чысыл хӕйттӕ ӕмӕ сусӕгдзинӕдтӕ дӕр", — нымайы депутат.

Парламенты уый нӕ тырны популярондзинадмӕ, куыд бирӕ ӕрыгон политиктӕ, афтӕ — радон ӕвзӕрстытӕм бонустӕ ӕрӕмбын кӕнын, зӕгъгӕ. Номдзыд ӕмӕ адӕмӕн уарзон уый ссис театры. Куыд театры фӕсаууон, афтӕ парламентон къӕбицы дӕр вӕййы дзыхӕй тохтӕ ӕмӕ ныхмӕлӕудтӕ, фӕлӕ, депутаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, алыхатт дӕр бантысы ссарын баланс.

Фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты культурӕйы хайады гӕс

Сӕрдыгон ӕнтӕф бонты Пӕррӕстаты Дмитрий ӕрвиты фӕсивӕдон комитеты, цы ран рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕны культурӕйы хайады сӕргълӕууӕджы хӕстӕ. Ацы бынаты кусгӕйӕ, уымӕн йӕ коллегӕтимӕ бантыст саразын хӕххон спорты федераци. Райдайӕн спортсменты къахдзоныгътыл слӕууын кӕныны тыххӕй сӕ акодта Цӕгат Ирыстоны хӕххон курорт — Цъӕймӕ. Фӕлӕ Дмитрий нӕ дызӕрдыг кӕны — хӕххон спортӕн сӕндидзӕн ис Хуссары дӕр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны ис 5-12 км дӕргъӕн бирӕ уникалон къуылдымтӕ ӕмӕ хӕххон уырдгуытӕ. Ахӕм бынӕттӕ сты бӕзгӕ куыд райдайӕн, афтӕ фӕлтӕрдджын спортсментӕн дӕр.

"Фӕнды нӕ саразын бугелон хахх сывӕллӕттӕн Цъоны хъӕумӕ ӕввахс. Ис нын уникалон фадӕттӕ туризмы размӕцыдӕн. Рӕзгӕ фӕлтӕрӕн хъуамӕ арӕзт цӕуой ӕппӕт уавӕртӕ сӕ потенциал реализаци кӕнынӕн", — дзуры хайады гӕс.

Комитеты кхъухдариуӕггӕнӕг Зассеты Сергейимӕ уый азылд бирӕ дӕрддзӕф бынӕттыл — уыдысты Чъимас, Цъӕритты хъӕу, Цъон ӕмӕ Къобеты. Дыууӕкъуырион сӕрдыгон лагерӕн уыдон равзӕрстой Къобеты ком. Ам, 15-17 аздзыд ӕрыгон адӕм улӕфты бонтӕ баиу кӕндзысты фӕсивӕдон форумы куыстимӕ.

Цы у ахсджиагдӕр

Димаимӕ ныхас кӕнын тынг цымыдисон кӕй у — ницы зӕгъын. Йӕ интервьюйы рӕстӕджы Дима рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ дзырдта ирӕтты равзӕрды историкон ӕрфадыл, иу кӕнӕ иннӕ скифаг цæугæцардгæнæгыл, ирӕтты культурон традицитӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттыл, Хуыцауыл ӕмӕ ӕнусыл. Уый у ӕнӕгуырысхо, алы адӕймаг дӕр ацы цардмӕ хуымӕтӕгӕй кӕй не ‘рцыд ӕмӕ цалынмӕ удӕгас стӕм, уӕдмӕ хъуамӕ агурӕм нӕхи ӕмӕ уый нӕ нысанӕвӕрд сбӕлвырд гӕнгӕйӕ, хъуамӕ нӕхи среализаци кӕнӕм ӕппӕт тыхтӕй. Радон парламентон ӕвзӕрстытӕм ныры депутат цӕуын нӕ фӕнд кӕны, ахсджиагыл та нымайы театр. Йӕхи та хъазгӕйӕ хоны "сыгъд театры" артист. Ныртӕккӕ у "рӕстӕгмӕ театры" артист, ног театры сценӕ дӕр уый дарддӕр фӕлынддзӕн йӕ курдиатӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0