Цӕгат Иры фӕлывд адӕймаг 200 клиенткӕтӕн ауӕй кодта мӕнг "рӕсугъддзинады абонементтӕ"

© Sputnik / Михаил ГассиевВладикавказ
Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Алы бадзырды аргъ дӕр уыд 250 мин сомы онг. Сылгоймӕгтӕ истой кредиттӕ, цӕмӕй балхӕнон процедурӕты тыххӕй абонемент фиктивон салоны.

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы ӕрцахстой нӕлгоймаджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы уӕлдай егъау бӕрц фӕлывддзинад саразынмӕ. Азымгонд фиктивон салоны фӕрцы сайдта ӕхцатӕ сылгоймӕгтӕй, фехъусын кодтой РИА Новости къуырисӕры Цӕгат Ирыстоны МХМ-ы пресс-службӕйы.

Денежные купюры России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны сарæх сты мæнг æхцайæ пайда кæныны цаутæ

Ведомствӕйы зонӕнтӕм гӕсгӕ, фыдгӕнӕджы архӕйдтытӕй зиан баййӕфтой 200 сылгоймагӕй фылдӕр, кӕцытӕ зынаргъӕй ӕлхӕдтой салонмӕ "абонемент", уый тыххӕй сӕ бахъуыд кредиттӕ исын. Пъӕлицӕйы куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй ацы фӕлывд схемӕйы руаджы фыдгӕнджытӕ райстой 8 милуан соммӕ ӕввахс ӕхца.

"Ацы фӕлывд схемӕйы автор ссис поселок Заводскойы 32-аздзыд цӕрӕг, кӕцы раздӕр дӕр уыд тӕрхонгонд. Уый ӕрцахстой дзӕуджыхъӕуккаг пъӕлицӕйагтӕ… Кредитон бадзырдты нымӕцмӕ гӕсгӕ фыдгӕнон органты архайды амӕттаг баисты 200 ӕмбӕстаджы. Абоны онг барадхъахъхъӕнӕн органтӕм балӕвӕрдтой 100 куырдиатӕй фылдӕр зианбаййафджытӕй", — фехъусын кодтой МХМ-ы.

Уагдоны зонӕнтӕм гӕсгӕ, экономикон ӕдасдзинады хайады кусджытӕ ӕмӕ слестгӕнджытӕ сбӕлвырд кодтой ӕмархайджыты нӕмттӕ, уагъд цӕуынц мадзӕлттӕ сӕ ӕрцахсыны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0