ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Рӕмонаты Сосланы уӕлахиз Рио-де- Жанейройы олимпиадæйы уыд феноменалон, загъта Sputnik къуырисӕры уæгъдибар хъæбысхæсты сгуыхт тренер Коцты Тамерлан.
Рӕмонаты Сослан ссис олимпиаг чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 65 кг уӕзы категорийы, Хъӕзтытӕ-2016 фӕстаг бон финалон тохы азербайджанаг Тогрул Асгаровы 11:0 хыгъдӕй рамбулгӕйӕ.
"Сосланӕн Рио-де-Жанейройы уыд феноменалон тох. Диссаг уыд йæ финалон ралæуд — уый йӕ ныхмӕлӕууӕджы рамбылдта 11:00 хыгъдæй. Уæлдай æхсызгон уый у, æмæ кӕй ныддæрæн кодта, нæ аннæ номдзыд спортсмен дзæнæттаг Къудухты Бесикы Лондоны олимпиадæйы чи басаста, уыцы спортсмены ӕмӕ йӕ уӕлахиз дӕр Бесикæн кӕй снывонд кодта", — банысан кодта тренер.
Уый ма бафиппайдта, ирон богалты уæлахизтæ кӕй разæнгард кæндзысты рæзгæ фæлтæрты спорты архайынмæ.
"Цы сывæллæттæ нæм æрбацæуынц, уыдонæн, хъыгагæн, иууыл зындæр вæййы бауырнын кæнын, кæй сæ рацæудзæн стыр спортсментæ. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы спортзалты къæсæртæй куы бахизынц, уæд сæ се ‘нтыст æнæгуырысхойӕ фӕуырны, фӕлӕ сын бынаты уадиссаг тырнындзинад нӕ вӕййы", — банысан кодта Коцты Тамерлан.
Сгуыхт тренер ма равдыста ныфс, фидæны олимпиадæты дæр та кæй фендзӕн ирон богалты пьедесталы фыццаг къæпхæнтыл.
"Ирон адæмæн спортмæ æвзыгъддзинад сæ туджы ис. Уырны мӕ, радон олимпиадæты та кæй уындзыстæм ирон богалты стыр æнтыстытæ. Уыдзæн та ирон тырыса, ирон нæмттæ æмæ цæхæркалгæ уæлахизтæ", — фидарӕй уырны тренеры.
Рӕмонаты Сослан райгуырд Цхинвалы, 2014 азы ссис Уӕрӕсейы ӕмӕ дунейы чемпион, 2015 азы та — дунейы бронзӕйон чемпион.