Цхинвайлаг богал Бикойты Вадим стох кæндзæн дунейы фыццагады

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæВольная борьба
Вольная борьба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бикойты Вадим ныридæгæн нымад цæуы Хуссар Иры иууыл æнтыстджындæр хъæбысæйхæцджытæй иуыл. 2016 азы майы Вадим ссис Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау ӕмӕ йын уый фæрцы фадат ис 15 сентябры дунейы æмвæзады стох кæнынæн.

ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвайлаг хъӕбысӕйхӕцӕг Бикойты Вадим стох кæндзæн дунейы фыццагады ӕвзӕнгты ‘хсӕн, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Коцты Тамерлан.

Бикойты Вадим ныридæгæн нымад цæуы Хуссар Иры иууыл æнтыстджындæр хъæбысæйхæцджытæй иуыл. Архайы 58 килограммы уæзы, у 2014 дунейон ерысты æвзист майданы хицау ӕмӕ бирӕ алыгъуызон регионалон ерысты уæлахиздзау. 2016 азы майы та Вадим ссис Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау ӕмӕ йын уый фæрцы фадат ис 15 сентябры дунейы æмвæзады стох кæнынæн.

"Стыр ныфс мæ ис, дунейы фыццагады мæ хъомылгæнинаджы къухы кæй бафтдзæн уæлахиз. Уый ма ацы ерысты архайдта 2014 азы дӕр, уӕд бацахста дыккаг бынат, фæлæ уым дæр йæ бон уыд хуыздæр бæрӕггæнæнтæ равдисын", — загъта тренер Коцты Тамерлан.

Уый ма банысан кодта, уæлахиздзау суæвынæн кӕй хъӕуы хиуыл тынг бирæ кусын, фӕлтӕрддзинад исын, уымӕ гӕсгӕ Бикойты Вадим ӕмӕ ма ноджы цалдӕр цхинвайлаг богалы арвыстой Хъырыммӕ цæттæгæнæн ахуыртæм.

Тренер Коцты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Тамерлан: Рӕмонаты Сосланы уӕлахиз разӕнгард кӕндзӕн рӕзгӕ фӕлтӕрты

"Курдиат æмæ ныййарджыты æмбарынад фаг нӕ вӕййы æнтыстытæм æнæ цæлхдуртæй бацӕуынӕн. Ацы бонты æрыздæхдыстæм сбортæй — авд лæппуйы, уыдонимӕ Вадим дӕр, акодтам Хъырыммæ цæттæ кæнынмӕ", — радзырдта уый.

Уæгъдибар хъæбысхæсты сгуыхт тренер Коцты Тамерланы хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуссар Иры зынгæ фылдæр уаид номдзыд спортсментæ, фæлæ, хъыгагæн, уыдон сæ кары бацæугæйæ равзарынц уæлдæр ахуырад райсыны фæндаг ӕмӕ ныууадзынц спорт, рӕстӕг сын кӕй нал вӕййы, уый тыххӕй.

"Сывæллæттæ исын райдайæм 9 азы карæй. Ӕргомæй дзургæйæ сын фыццаг рады дæттæм спорты фæлтæрдтæ. Уæлахизтæ хæссыны кары куы бацæуынц — 16-18 аздзыдтæй, уæд та лимиттæм гæсгæ ацæуынц Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм æмæ спорт рохуаты аззайы", — хъаст кæны Тамерлан.

Коцты Тамерлан кусы Хъайтарты уынгыл уæвæг Тедеты Дзамболаты номыл уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы. Секцийы цæттæ кæны 50 сывæллоны онг. Хистæр кары къорд бон тренировкæ кæныц 2,5 сахаты бæрц, кæстæр къорд та къаддæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0