Тыбылты Леонид схорзӕхджын кодта уӕрӕсейаг саперты

© Sputnik / Диана КозаеваВстреча с саперами МЧС РФ
Встреча с саперами МЧС РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг пиротехниктӕ минӕтӕй сыгъдӕг кодтой Хуссар Ирыстоны территори ӕмӕ сын бантыст дыууӕ мӕймӕ 50 гектарӕй фылдӕр фӕзуат асыгъдӕг кӕнын.

ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстоны президент Тыблылты Леонид радта хорзӕхтӕ Уӕрӕсейы УУМ-ы ирвӕзынгӕнӕн операциты центр "Лидер"-ы сапертӕн.
Уӕрӕсейаг пиротехниктӕ дыууӕ мӕйы мидӕг сыгъдӕг кодтой минӕтӕй Хуссар Ирыстоны территори. Хӕстон архӕйдтытӕй баззайгӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй ссыгъдӕг кодтой 50 гектар фӕзуатӕй фылдӕр.

УФ УУМ-ы кусджытӕ ӕмӕ сапертӕн лӕвӕрд ӕрцыд РХИ-ыл 25 азы сӕххӕсты цытӕн майдантӕ ӕмӕ Кады грамотӕтӕ.

Мчс подписание - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Лидер"-ы хистӕр радта Хуссар Иры минӕтӕй ссыгъдӕггонд территоритӕ

"Стыр бузныг зӕгъын, ацы рӕстӕг Хуссар Ирыстоны территорийыл чи куыста ӕнӕ улӕфтӕй ӕмӕ ссыгъдӕг кодта территорийы хай рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй, ӕппӕт уыдонӕн", — загъта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

Уый бахаста куырдиат — йӕ бузныджы ныхӕстӕ йын УУМ-ы къухдариуӕгадмӕ фӕхӕццӕ кӕнын.

Президент банысан кодта, уӕрӕсейаг саперты бакӕнгӕ куысты фӕрцы иннӕ аз республикӕйы хицӕуттӕ кӕй ауаддзысты ацы территорийыл хӕрзарӕзтадон, уый фӕстӕ та хъӕууонхӕдзарадон куыстытӕ.

"Минӕтӕй сыгъдӕг кӕныны куыст у, Уӕрӕсе нын бирӕ ӕзты дӕргъы цы ӕххуыс кӕны, уый хай", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Уый ӕрхуыдта Уӕрӕсейы УУМ-ы кусджыты, Уӕрӕсе Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад куы банымадта, уыцы боныл 8 азы сӕххӕсты цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлттӕм 26 августы.

Уӕрӕсейы УУМ-ы цӕгаткавказаг регионалон центры сӕргълӕууӕг Николай Литюк бузныг загъта президентӕн хъарм ныхӕсты тыххӕй.

"Дисты ӕфтын Республикӕ Хуссар Ирыстонӕй — йӕ адӕмы хъӕбатырдзинад, ӕхсар ӕмӕ патриотизмӕй", — загъта уый.

УФ-йы минӕвар РХИ-йы Къарджиаты Эльбрус банысан кодта, сапертӕ ӕрмӕст ахсджиаг куыст кӕй нӕ бакодтой, фӕлӕ ма сӕ фӕлтӕрддзинад цӕстуарзонӕй адих кодтой сӕ хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ.

"2008 азы хӕст ныууагъта арф тӕлмытӕ ӕмӕ фӕдтӕ, фӕсхӕстӕй баззайӕггӕгтӕй бирӕ цыдӕртӕ уыдысты зианхӕссӕг цӕрджытӕн. Ардӕм ирвӕзынгӕнджытӕ кӕй ӕрцыдысты, уый у стыр хъуыддаг", — загъта минӕвар.

Центр "Лидер"-ы сӕргълӕууӕг Игорь Кутровский загъта бузныг Хуссар Ирыстоны УУМ-ы ирвӕзынгӕнджытӕн алыварсон ӕххуысы тыххӕй.

УУМ сапертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг УУМ-ы сапертӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр ссыгъдӕг кодтой 40 га Хуссар Ирыстоны

"Фидӕн аз та ӕхсызгонӕй ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ адарддӕр кӕндзыстӕм нӕ куыст", — банысан кодта уый.

Тыбылты Леонид ма быфтыдта, кӕй ӕрсиддзӕн куырдиатимӕ Уӕрӕсейы къухдариуӕгадмӕ, цӕмӕй та уӕрӕсейаг пиротехниктӕ фидӕн аз адарддӕр кӕной минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны куыст республикӕйы ахӕм территоритыл, цы ран баззад ӕнӕсгӕрст ӕмӕ тӕссаг фадгуытӕ.

Центр "Лидер"-ы специалисттӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл куыстой 80 боны. Къуыри сӕм-иу дыууӕ хатт ӕрбамбал сты хуссарирыстойнаг УУМ-ы кусджытӕ, кӕцытӕн уагъд цыд ахуыртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0