Тедеты Дзамболат: Сослан равдыста, хъӕбысхӕсты ирон скъола кӕй у дунейы иууыл хуыздӕр

© Sputnik / Алана СабееваДзамбулат Тедеев
Дзамбулат Тедеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сӕйраг тренер Тедеты Дзамболат нымайы, ирон спортсмен йӕ ныхмӕлӕудтӕ иууылдӕр кӕй ауагъта бӕрзонд ӕмвӕзадыл.

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik, Сабеты Аланӕ. Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй олимпиаг чемпион 65 кг уӕзы категорийы Рӕмонаты Сослан йӕ тохтӕ иууылдӕр рамбылдта, йӕ ныхмӕлӕуджытӕн иу балл дӕр ӕнӕ ратгӕйӕ, загъта Sputnik уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сӕйраг тренер Тедеты Дзамболат.

Рӕмонаты Сосланы ӕрхаста Уӕрӕсейы ӕмбырдгондӕн 19-ӕм сыгъзӕрин майдан ацы Олимпиаг хъӕзтыты.

Тедеты Дзамболаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, богалтӕ дӕр ӕмӕ тренер дӕр ӕнкъардтой, куыд сыл мӕт кӕнынц райгуырӕн бӕстӕйы, куыд сӕм дзырдтой хъарм ныхӕстимӕ, уӕлахизы фӕстӕ та — арфӕйы ныхӕстимӕ.

"Мах ӕнӕмӕнгӕй ӕрцӕудзыстӕм райгуырӕн бӕстӕм. Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын ӕппӕт ирон адӕмӕн, нӕ табугӕнджытӕн сӕ моралон ӕххуысы тыххӕй", — загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, Лондоны олимпиадӕйы ирон богалтӕй иу дӕр сыгъзӕрин кӕй нӕ рамбылдта, уымӕ гӕсгӕ уӕлдӕр пробӕйы майдантӕм нӕ бахъуыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын ноджы цалдӕр азы.

Встреча Рамонова в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕмонаты Сосланыл сӕмбӕлдысты кӕфтытӕ ӕмӕ уӕлибыхтимӕ

"Рӕмонаты Сослан рӕзт нӕ цӕстыты раз ӔЦСК ӕмӕ Ирыстоны дӕр. Йӕ уӕлахиз у стыр бӕрӕгбон нӕ адӕмӕн. Сосланы уӕлахиз Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны куыд нысан кӕнынц, уый цы сывӕллӕттӕ уыдтой, уыдонӕй бирӕты, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сразӕнгард кодта спортмӕ, бацӕудзысты спортскъолатӕ ӕмӕ залтӕм", — загъта Тедеты Дзамболат.

Допингимӕ скандалыл дзургӕйӕ та Тедеты Дзамболат ӕрымысыд, Олимпиадӕмӕ цӕттӕ кӕныны рӕстӕджы-иу йӕ спортсменты ӕртӕ мӕйы дӕргъы дыууӕ бон иу хатт куыд кодтой WADA-мӕ анализтӕ сисыны тыххӕй. Уый бамбарын кодта, ахӕм ахасты тыххӕй лӕппутӕ кӕй фӕцудыдта сӕ нервыты системӕ.

"Нӕ богалтӕ ма тох кодтой, Риомӕ цы спортсменты нӕ бауагътой, уыдон тыххӕй дӕр. Бирӕтӕн нӕ бантыст стыр фӕстиуджытӕ фенын кӕнын, уымӕн ӕмӕ нӕ бафӕрӕзтой уыцы пресс. Иумӕйагӕй командӕ равдыста фыццаг командон бынат, дыууӕ сыгъзӕрин ӕмӕ иу ӕвзист майдан райсгӕйӕ, кӕцы хъуамӕ уыдаид сыгъзӕрин. Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд ахӕм нымӕц майдантӕ рамбылдтой патриотизмыл", — загъта тренер.

Уӕрӕсейы паралимпиаг ӕмбырдгонды Риомӕ кӕй нӕ бауагътой, ууыл дзургӕйӕ та тренер банысан кодта, зӕгъгӕ, политикӕйӕн ма хъуамӕ уа ӕндӕвдад спортыл, кӕцы алыхатдӕр нымад цыд сабырады символыл.

Тедеты Дзамболан нӕ дызӕрдыг кӕны, алы адӕймаг дӕр ацы тӕрхон кӕй нымайы ӕппӕрццагыл.

"Нӕ хъӕуы сыгъдӕг спортсментӕн сӕ фадӕттӕ исын. Командӕйӕн дисквалификацийы тӕрхон чи скодта, уыцы адӕм, абон уа — сом уа, фӕфӕсмон кӕндзысты ууыл", — загъта тренер.

Ног хабӕртты лентӕ
0