Хуссар Иры нæ фæнд кæнынц ИПФ бакæнын

© Sputnik / Дина ГассиеваНатали Гассиева
Натали Гассиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырады министр нымайы, фæлварæнты ныры формæ дзуапп кӕй дæтты нырыккон домæнтæн.

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Хуссар Иры ахуырады министрад нæ фæнд кæны фæлварæнтæ дæттыны ног формæмæ рахизын, загъта Sputnik Хуссар Ирыстоны йæ пресс-конференцийы рæстæджы ахуырады министр Гасситы Натали.

Занятие в Цхинвальскос многопрофильном колледже - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бирæпрофилон колледж адарддæр кодта документты райст сентябры астæумæ

2009 азæй фæстæмæ Иугонд паддзахадон фæлварæн (ИПФ) у уæрæсейаг скъолаты рауагъдонтæн хыгъдон аттестацийы сæйраг формæ, афтæ ма уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм бацæуæн фæлварæны формæ.

"Ӕз нымайын, фæлварæнтæ дæттыны традицион формæ иууыл хуыздæр кӕй равдисы сывæллæтты зонындзинæдтæ. Хуыздæр ницы æмæ ничи æрымысыд нырма, ахуыргæнæг æмæ ахуыргæнинаджы æмархайд у сæйраг", — банысан кодта уый.

Уый æмрæнхъ ахуырады министр бар дæтты рауагъдонтæн, цӕмӕй скъолайы фæлварæнты æмрæстæджы дæттой ИПФ дæр.

"Азы кæрон скъолатæм фехъусын кæнæм,цӕмӕй кæй фæнды, уыдон ахуырады министрадмæ æрбахатой. Мах бацæттæ кæнæм номхыгъдтæ æмæ сæ адæттæм Цæгат Ирмæ, цыран нæ сывæллæттæн ис фадат радтын ИПФ. Ӕгæрыстæмæй ма нæ фæлварæнты ранывæзт афтæ саразæм, цæмæй ИПФ бонмæ ма ‘рхауой" — загъта Гасситы Натали.

Уый ма бафтыдта йæ ныхæстæм, зӕгъгӕ, ИПФ дæттынмæ чи ацыд,уыдон иууылдӕр равдыстой хорз зонындзинæдтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0