Бирæпрофилон колледж адарддæр кодта документты райст сентябры астæумæ

© Sputnik / Ада БагианЗанятие в Цхинвальскос многопрофильном колледже
Занятие в Цхинвальскос многопрофильном колледже - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырады министр Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-конференцийы радзырдта Цхинвалы бирæпрофилон колледжы куысты тыххæй æмæ ныййарджытæн бауынаффæ кодта "сывæллæттыл эксперименттæ ма уадзой, фæлæ сын хъæугæ дысниад радтой".

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Цхинвалы бирæпрофилон колледжмæ рауагъдонтæй куырдиæтты айсты æмгъуыдыл ахæцыдыты сентябры астæумæ, ахуыргæнæн уагдонмæ ныридӕгӕн бацыд 70 абитуриенты, фехъусын кодта журналисттæн ахуырады министр Гасситы Натали.

Таймураз Габараев начальник отдела государственного пожарного надзора - Sputnik Хуссар Ирыстон
УУМ: скъолатæ æмæ сабидæттӕн сӕ фылдæр дзуапп нæ дæттынц ӕдасдзинады нормæтæн

Цхинвалы раздæры хъæууонхæдзарадон техникум 2009 азы рацæрæзтой бирæпрофилон колледжмæ.

"Колледж æххæст контингент не ‘мбырд кæны, фæлæ дзы ацы аз ис 70 куырдиаты. Айст не ʻрурæдтам — афтæ рауайы æмæ иуæй-иутæ æрбацæуынц ног ахуыры аз райдайæны фæстæ. Дæсниад райсын кæй фæнды, уыдонæн се ʻппæтæн дæр мах ратдзыстӕм фадат", — загъта министр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, абитуриенттæ фылдæр бæрцæй цæуынц автомеханикæйы факультетмæ, кӕцы бакодтой ацы аз, стæй ма кондитерон хайадмæ.

Ацы ахуыры азы ма скусдзысты колледжы æрмадзтæ дӕр. Гасситы Наталийы ис ныфс, уыдон фæсивæды хсæн популярон кæй уыдзысты.

"Мах лæмбынæг хъусдард хъуамæ аздахæм астæуккаг профессионалон ахуырадмæ. Ныры дуджы æнæ профессионалон дæсниæдтæй тынг зын у. Колледжы контингент цæмæй баххæст кæнæм, уый тыххæй не ʻмбарынады цыдæр хъæуы фæивын, фыццаг рады нæ ахаст ахӕм ахуыргӕнӕндӕттӕм", — банысан кодта уый.

Министр бафиппайдта, скъолаты рауагъдонтæ фидæны професси æвзаргæйæ "нынныхмæ" сты юриспруденци, экономикæ æмæ медицинæмæ, ацы дæсниӕдтӕй вæййы бирæ дипломтæ æмæ стæмгай æцæг специалисттæ.

Цхинвалы бирӕпрофилон колледж. Куыст - цардӕн фӕрӕз

Уый ма радзырдта, колледж кӕй уадзы æнтыстджын профориентацион куыст, фæхонынц скъоладзауты экскурситæм, цæмæй алцыдæр феной сæхи цæстæй.

Ацы аз колледжы цалцæг кæныц дыууæ хатæны, цыран æхсæвиуат кæндзысты дард хъæутæй цæуæг студенттæ, кæцытæн нырмæ фадат нæ уыд æрвылбон цæуын ахуырмæ.

Уымæй дарддæр ма ацы ахуырадон уагдонӕн фадат ис йæ куыст пайдахæссæг скæнын — коммерцион архайды бар колледжæн йæ уагæвæрды у фидаргонд.

"Уый тыххæй семæ дзурæм рагæй. Уыдзæн сын уавæртæ æмæ нырыккон ифтонгад. Зæгъæм кондитерон цехы продукцийæ гæнæн ис сифтонг кæной хæстæг сабидон. Афтæмæй студенттæ бамбардзысты, хъæугæ фæндагыл кæй слæууыдысты æмæ астæуккаг профессионалон ахуырад суыдзæн популярондæр", — балхынц кодта йæ ныхæстæ Гасситы Натали.

Ног хабӕртты лентӕ
0