Маяковскийы уынджы цӕрджытӕ хъаст кӕнынц, дон сӕм ӕвзӕр кӕй цӕуы

© Sputnik / Алексей КовалевГород Цхинвал
Город Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мэрияйы куыд бамбарын кодтой, афтӕмӕй донӕй ифтонгадимӕ проблемӕйы аххосаг у, доны хахх бахъыгдард кӕй ӕрцыд, ПУК "Водоканал"-ы кусджытӕ агурынц, коммуникацитӕ кӕм фӕхицӕн сты, уыцы бынат.

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Цхинвалы цӕгатварс, Маяковскийы уынджы цӕрджытӕ хъаст кӕнынц, дон сӕм ӕвзӕр кӕй цӕуы. Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, доны проблемӕтӕ сӕвзӕрдысты, коммуникацитӕ куы раивтой, уый фӕстӕ — ныр дон хӕдзӕрттӕм хӕццӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕхсӕвыгон.

"Донимӕ проблемӕтӕ ӕвзарӕм ныр дыууӕ къуырийы дӕргъы. Боныгон дон нӕ цӕуы, ӕрдӕгӕхсӕв та хъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын сахатӕй фылдӕр, цалынмӕ ӕрдӕг тоннӕйы бӕрц бак байдзаг уа. Адӕмӕн сӕ фылдӕр уыцафон фынӕй кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕ райсомӕй куыстытӕм цӕуын хъӕуы ", — дзуры ацы уынджы цӕрӕг Александр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уынджы капиталон цалцӕджы онг дон цыд зӕронд хаххыл. Донимӕ проблемӕтӕ фӕзындысты коммуникацитӕ раивыны фӕстӕ. Дыууӕ къуырийы дӕргъы цӕрджытӕ исынц дон цъайтӕй, кӕцытӕ сты ӕвӕрд бирӕфатерон хӕдзары цур.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы уынгты хӕрзарӕзтад: цы бантыст саразын ӕмӕ цы арӕзт цӕуы

"Доны проблемӕты фӕзындимӕ цӕрджытӕ райдыдтой пайда кӕнын цъайтӕй, кӕцыты дон нӕ бӕззы нуазынӕн. Хауы сӕ алыгъуызон бырӕттӕ ӕмӕ дон та сыгъдӕг нӕ цӕуы", — банысан кодта Александр.

Бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты цӕрджытӕ сӕ хъастимӕ бахатыдысты "Водоканал"-мӕ, цы ран сын дзырд радтой проблемӕ аскъуыддзаг кӕнын, фӕлӕ йын йӕ аххосаг нӕ бамбарын кодтой.

Горӕты мэрияйы пресс-службӕйы Sputnik куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй "Водоканал"-ы кусджытӕ дыууӕ къуыри агурынц аварийы аххосӕг.

"Донимӕ проблемӕтӕ сӕвзӕрд, сыхаг Хуыбылты Валерийы уынгыл арӕзтадон куыстытӕ ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы доны хахх куы бахъыгдардтой, уый фӕстӕ. "Водоканал"-ы кусджытӕ ныридӕгӕн агурынц аварийы бынат ӕмӕ кусынц проблемӕ аиуварс кӕныныл", — загътой пресс-службӕйы.

Мэрияйы фидарӕй дзырд радтой, донимӕ проблемӕ кӕй аскъуыддзаг уыдзӕн иууыл ӕввахсдӕр рӕстӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0