Зонындзинӕдты бон ӕхсӕнадон фӕткмӕ сӕ хъус дардзысты МХМ-ы 500 кусӕджы

© Sputnik / Наталья Айриян1 сентября в Южной Осетии
1 сентября в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног ахуыры азы агъоммӕ Ӕхсӕнадон ӕдасдзинады милици бакодта стыр куыст ахуырадон уагдӕтты цӕттӕдзинад басгарыны фӕдыл.

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Зонындзинӕдты бонӕн нывонд цытджын мадзӕлтты рӕстӕджы скъолаты территорийыл фӕфылдӕр кӕндзысты милицийы патрулы нымӕц, уагӕвӕрмӕ сӕ хъус дардзысты МХМ-ы 500 кусӕджы, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.

Ацы аз ног ахуыры азы райдиан банысан кӕндзысты 54 республикон скъолайы. Сӕ къӕсӕртӕй фыццаг хатт бахиздзысты 620 ахуыргӕнинаджы.

День знаний в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фыццаг хатт скъолайы къæсæрæй бахиздзысты 620 ахуырдзауы

"Ног ахуыры азы райдианы фӕдыл МХМ уадзы цытджын линейкӕты рӕстӕджы ӕхсӕнадон уагӕвӕрд ӕмӕ ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны фӕдыл мадзӕлтты комплекс. Мадзӕлтты райсдзысты хайад мидхъуыддӕгты органты 500 кусӕджы", — загътой пресс-службӕйы.

МХМ-ы минӕвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног ахуыры азы агъоммӕ Ӕхсӕнадон ӕдасдзинады милици бакодта стыр куыст ахуырадон уагдӕтты цӕттӕдзинад басгарыны фӕдыл.  Ахуырадон уагдӕттӕ иууылдӕр ӕмӕ сӕ алыварс террторитӕ ӕрцӕудзысты сгӕрст сӕрмагонд техникон фӕрӕзты ӕмӕ службӕйон куыйты руаджы, уый фӕстӕ ист ӕрцӕудзысты фӕтыхджындӕргонд хъахъхъӕнынадмӕ.

"Цытджын мадзӕлттӕ ауадзыны рӕстӕджы скъолаты территорийыл фӕфылдӕр кӕндзысты милицийы патрулы нымӕц", — банысан кодтой МХМ-ы.

МХМ Паддзахадон автоинспекцийы управлени исы уӕлӕмхас мадзӕлттӕ фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады фӕдыл, уӕлдайдӕр та скъолатӕм ӕввахс.

Таймураз Габараев начальник отдела государственного пожарного надзора - Sputnik Хуссар Ирыстон
УУМ: скъолатæ æмæ сабидæттӕн сӕ фылдæр дзуапп нæ дæттынц ӕдасдзинады нормæтæн

Автоинспектортӕ сгарынц фӕндагон хызӕджы уавӕр ахуырадон ӕмӕ скъолаагъоммӕ уагдӕтты цур, сгарынц скъолайон транспортон фӕрӕзтӕ.

"Сывӕллӕтты фӕндагон травматизмы цаутӕ ма ӕруадзыны нысанӕн ПАИУ уадзы профилактикон мадзӕлттӕ, кӕцытӕ здӕхт сты сывӕллӕтты уынгтыл ӕмӕ фӕндӕгтыл ӕдас уагахастыл фӕцайдагъ кӕнынмӕ", — бафтыдтой пресс-службӕйы.

ПАИУ ноджыдӕр шофырты зӕрдыл лӕууын кӕны, цӕмӕй ахуырадон уагдӕтты цур ӕххӕст кӕной фӕндагон змӕлды уагӕвӕрд.

Ног хабӕртты лентӕ
0