Ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры хӕхтыл ныддӕрӕн кӕндзысты "знаджы" фылдӕр тыхтӕ

© Sputnik / Сергей Карпов /  Ахизын медиабанкмæВоенные учения на 4-ой военной базе Министерства обороны РФ в городе Цхинвал
Военные учения на 4-ой военной базе Министерства обороны РФ в городе Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕххон полигон "Дзарцъем"-мӕ рахиздзысты 300 ӕфсӕддонӕй фылдӕр, 100 иуӕгмӕ ӕввахс техникӕ, уӕлдӕфмӕ сисдзысты ӕнӕпилотон тӕхгӕ аппараттӕ.

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Ирыстоны хӕхты танктӕ ӕмӕ минӕхсӕгтӕй ратдзысты ныхкъуырд мӕнг ныхмӕлӕууӕджы "атакӕйӕн", ахуыртӕ уагъд ӕрцӕудзысты ӕфсӕддон цӕттӕдзинады ӕнӕнхъӕлӕджы басгӕрсты фӕлгӕтты, хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

"Ахуыры нывӕзтмӕ гӕсгӕ, дӕлхайадтӕ хӕхты хъуамӕ радтой ныхкъуырд мӕнг ныхмӕлӕууӕджы фылдӕр тыхты атакӕйӕн ӕмӕ йӕ фӕкӕной максималон ӕхсты бын", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ахуырты рӕстӕджы ӕфӕддон службӕгӕнджытӕ сӕххӕст кӕндзысты ӕфсӕддон ӕхст танктӕй Т-72А, фистӕгӕфсады хӕстон машинӕтӕй БМП-2, хӕдцӕугӕ артиллерион машинӕтӕй "Гвоздика", минӕхсӕгтӕй "Сани", автоматон ӕмӕ къухӕй гранатӕхсӕгтӕй АГС-17 ӕмӕ РПГ-7, афтӕ ма ӕхсгӕ хӕцӕнгарзӕй.

Учения войск ЮВО. Архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ракетчиктӕ ӕмӕ артиллеристтӕ бакусдзысты сӕ фӕлтӕрддзинадыл Хуссар Ирыстоны

Уӕлхох комплекс "Дзарцъем"-ы ХӔЗ-ы уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы мотоӕхсӕн, танкон, артиллерион ӕмӕ сгарӕн дӕлхайадтимӕ ма басгӕрсты фӕлгӕтты уагъд ӕрцӕудзысты контролон ахуыртӕ, кӕцыты нысан уыдзӕн уӕлхох зынвадӕтты хӕстон хӕслӕвӕрдтӕ ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕнын.

Нысан цӕуы, ахуырты хайад кӕй райсдзысты 300 ӕфсӕддонӕй фылдӕр, 100 иуӕгмӕ ӕввахс бронетанкон, автомобилон ӕмӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон техникӕ, афтӕ ма ӕнӕпилотон тӕхгӕ аппараттӕ.

Гарзджын тыхты хӕстон цӕттӕдзинады ӕнӕнхъӕлӕджы басгӕрст расидт ӕрцыд ивгъуыд цыппӕрӕмы УФ сӕйраг командӕгӕнӕджы уынаффӕмӕ гӕсгӕ. Басгӕрст кӕронмӕ ахӕццӕ уыдзӕн 31 августы.

Ног хабӕртты лентӕ
0