Хуссар Ирыстон ӕртӕ бонмӕ сӕхгӕдта йӕ арӕн Гуырдзыстонимӕ

© Sputnik / Ада БагианПункт упрощенного пропуска в Синагуре
Пункт упрощенного пропуска в Синагуре - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕн ӕхгӕд ӕрцыд Зонындзинӕдты бон – 1 сентябры цытджын мадзӕлтты рӕстӕджы ӕдасдзинад сифтонг кӕныны нысанӕн.

ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн уадзӕн пункттӕ ӕрцыдысты ӕхгӕд Зонындзинӕдты бон — 1 сентябры цытджын мадзӕлтты рӕстӕджы ӕдасдзинад сифтонг кӕныны нысанӕн, фехъусын кодтой РХИ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕйы.

Уагдоны банысан кодтой, уадзӕн пунктты куыст ӕрвылбонон режимы кӕй сӕндидздзӕн 2 сентябры райсомӕй.

1 сентября в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зонындзинӕдты бон ӕхсӕнадон фӕткмӕ сӕ хъус дардзысты МХМ-ы 500 кусӕджы

Ног ахуыры азы райдианы фӕдыл ма МХМ дӕр уадзы цытджын линейкӕты рӕстӕджы ӕхсӕнадон уагӕвӕрд ӕмӕ ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны фӕдыл мадзӕлтты комплекс.

Уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ахуырадон уагдӕттӕ иууылдӕр ӕмӕ сӕ алыварс территоритӕ ӕрцӕудзысты сгӕрст сӕрмагонд техникон фӕрӕзты ӕмӕ службӕйон куыйты руаджы, уый фӕстӕ ист ӕрцӕудзысты фӕтыхджындӕргонд хъахъхъӕнынадмӕ.

Цытджын мадзӕлтты рӕстӕджы скъолаты территорийыл фӕфылдӕр кӕндзысты милицийы патрулы нымӕц. Уагӕвӕрдмӕ сӕ хъус дардзысты мидхъуыддӕгты органты 500 кусӕджы, банысан кодтой министрады.

Ацы аз ног ахуыры азы райдиан банысан кӕндзысты 54 республикон скъолайы. Сӕ къӕсӕртӕй фыццаг хатт бахиздзысты 620 ахуыргӕнинаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0