ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты къæсæрæй ног ахуыры азы бахиздзысты 670 фыццагкурсоны, фехъусын кодта Sputnik исæн къамисы бæрнон нымæрдар Намшуридзе Генриетта.
ХИПУ фесты бацæуæн фæлварæнтæ, сæ фæстиуджытæм гæсгæ, ивгъуыд азмæ абаргæйæ ацы аз фыццагкурсонты нымæц у зынгӕ фылдæр.
"Фаронмæ абаргæйæ ныр боны хайадмæ бацыд 25% фылдæр абитуриенттæ. Бирæ рауагъдонтæ равзæрстой фæсаууонмæ коммерцион, науæд та фæсаууонмæ бюджетон хайӕдтæ. Ахадгæ ма у, Цæгат Ирыстонæй цы рауагъдонтæ æрцыд ХИПУ ахуыр кæнынмæ, уыдон нымæц дæр", — радзырдта къамисы нымæрдар.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, абитуриенттӕ бацæуæн фæлварæнты рæстæджы равдыстой хорз зонындзинæдтæ.
"Ӕхсæзæй æрбацыдысты, иттæг хорз нысæнттыл чи фæцис ахуыр, ахæм рауагъдонтæ. Уæлдай райгондæй баззадысты ирон æвзаг æмæ литературæйы факультеты ахуыргæнджытæ абитуриентты зонындзинӕдты æмвæзадæй", — бафтыдта йæ ныхæстæм Намшуридзе Генриетта.
Уый ма бафиппайдта, ацы аз популярондӕр кӕй разындысты журналистикæ, фæсарæйнаг æвзæгты факультеттӕ. Фӕлӕ та, ивгъуыд азтау, бирæ фæсивæд равзæрстой юриспруденци, экономикæ, фармацевтикæ æмæ æндæр дӕсниӕдтӕ.
ХИПУ рауагъдонтӕн фадат уыд равзарын 20 дæсниадæй. Ахуыр цæуы боны, стæй ма фæсаууонмæ коммерцион æмæ бюджетон хайæдты. Ӕдӕппӕт университеты ахуыр кӕны 3000 онг студенты.