Индиаг богал Дутт фехъусын кодта, кӕй нӕ зыдта Къудухты Бесикы мӕлӕт

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæОИ - 2012. Вольная борьба. Мужчины. Второй день
ОИ - 2012. Вольная борьба. Мужчины. Второй день - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Индиаг богал фехъусын кодта, кӕй кад кӕны Къудухты Бесикӕн, куыд иууыл хуыздӕр спортсментӕй иуӕн, фӕлӕ загъта, кӕй райсдзӕн WADA-йы цыфӕнды уынаффӕ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik. Индиаг богал Йогешвар Дутт фехъусын кодта, кӕй йын нӕй претензитӕ Къудухты Бесикы ӕвзист майданмӕ ӕмӕ нӕ зыдта, спортсмен удӕгас кӕй нал у. Уый тыххӕй уый фехъусын кодта йӕ интервьюйы 15 регионӕн.

"Ӕз кад кӕнын Бесикы рухс номӕн. Уый уыд йӕ заманы иууыл хуыздӕр богалтӕй иу. Нӕ зыдтон, не ′хсӕн кӕй нал ис, тӕфӕрфӕс кӕнын йӕ бинонтӕн", — загъта индиаг спортсмен.

Уый банысан кодта, Лондоны Олимпиадӕйы уый кӕй хъахъхъӕдта йӕхи нӕ, фӕлӕ йӕ бӕстӕйы кад ӕмӕ бронзӕ майдан ӕрхаста ӕппӕт индиаг адӕмӕн.

Бесик Кудухов, архивное фото. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къудухты Бесикӕн йӕ амӕлӕтӕй ӕртӕ азы фӕстӕ байстой йӕ олимпиаг майдан

"Мӕ майдантӕ иууылдӕр сты мӕ бӕстӕйы. Мӕнӕн нӕй претензитӕ Бесикы майданмӕ, фӕлӕ райсдзӕн WADA ӕмӕ UWW —йы (Хъӕбысхӕсты баиугонд дуне) цыфӕнды уынаффӕ дӕр", — сказал Дутт.

Дыццӕджы массон информацийы фӕрӕзты фӕзынд информаци, ома ирон богал Къудухты Бесик 2012 азы Олимпиаг хъӕзтыты радта ӕвӕрццаг допинг-тест ӕмӕ йӕ фӕцух кӕндзысты йӕ ӕвзист майданӕй.

Фӕстӕдӕр ӔОК-ы фехъусын кодтой, допинг-тесты басгӕрст нырма кӕронмӕ кӕй нӕ ахӕццӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0