ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik. Индиаг богал Йогешвар Дутт загъта, кӕй нӕ райсдзӕн Къудухты Бесикы Лондоны Олимпиадӕйы ӕвзист майдан, хъусын кӕны Р-Спорт.
"Къудухты Бесик у стыр хъӕбысӕйхӕцӕг. Ӕз ын стыр кад кӕнын куыд спортсменӕн. Йӕ допинг-тест ӕвӕрццаг кӕй разынд йӕ амӕлӕты фӕстӕ, уый у трагеди. Кӕд гӕнӕн ис, уӕд ын хъуамӕ ныууадзой йӕ майдан. Мӕнӕн фыццаг бынаты адӕймагдзинад лӕууы", — ныффыста спортсмен йӕ аккаунты Twitter.
Дутт Лондоны бацахста ӕртыккаг бынат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ерысты 60 кг онг уӕзы категорийы. Бесик рамбылдта ӕвзист майдан. Къудухты Бесик фӕмард 29 декабры 2013 азы автокатастрофӕйы фӕстиуӕгӕн.
Дыццӕджы массон информацийы фӕрӕзты фӕзынд информаци, ома ирон богал Къудухты Бесик 2012 азы Олимпиаг хъӕзтыты радта ӕвӕрццаг допинг-тест ӕмӕ йӕ фӕцух кӕндзысты йӕ ӕвзист майданӕй. Фӕлӕ Ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитет (ӔОК) нӕ бафидар кодта ацы информаци.