Тренер: Козаты Асланы тох титулы тыххӕй – дунейон боксы элитӕмӕ баздӕхыны фадат

© FacebookВиталий Сланов
Виталий Сланов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тренер Сланты Виталий нымайы, ирон ӕмӕ хуссарафрикӕйаг боксерты тох кӕй суыдзӕн серьезон фӕлварӕн Козайы фыртӕн.

ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik, Козаты Дианӕ. Козаты Асланбегмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы серьезон тох дунейы чемпионы титулы тыххӕй, боксер йӕхӕдӕг, йӕ тренертӕ ӕмӕ хиуӕттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц йӕ уӕлахизмӕ, загъта Sputnik Асланы тренер, спорты сгуыхт дӕсны Сланты Виталий.

Боксер Аслан Козаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Аслан сентябры стох кӕндзӕн IBO версийы дунейы чемпионы титулы тыххӕй

Ирон боксер-профессионал Козаты Асланбег "Lion" 23 сентябры стох кӕндзӕн хуссарафрикӕйаг спортсмен Паул Камангаимӕ IBO International (Ӕхсӕнадӕмон боксерон организаци) версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпионы титулы тыххӕй.

"Тынг серьезон ныхмӕлӕуд у, Асланӕн ис аккаг ныхмӕлӕууӕг. Уый у серьезон фӕлварӕн нӕ спортсменӕн, уыимӕ иумӕ та у дунейон боксы элитӕмӕ баздӕхыны фадат", — загъта тренер.

Хуссар Ирыстонӕй ацӕугӕ Козаты Асланбег профессионалон рингмӕ рахызт 2008 азы. У WBC версийы Европӕйы чемпион, фӕсивӕды ӕхсӕн дунейы ӕхсӕнконтиненталон чемпионы титулы хицау, Азийы чемпион.

Ног хабӕртты лентӕ
0