Цӕгатирыстойнаг "Ромео" фехста йе ‘фхӕрӕджы ӕмӕ йын ныххуынчъытæ кодта йӕ машинӕ

© NewsTeam /  Ахизын медиабанкмæНа месте обстрела автомобиля
На месте обстрела автомобиля - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конфликт сӕвзӕрд, лӕппуйы зӕрдӕмӕ цы чызг цыд, уый тыххӕй, сыхаг лӕппутӕ та йӕ нӕ банымадтой аккагыл.

ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik. Поселок Зоводскойы цӕрӕг фехста ӕрыгон лӕппуйы къах Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ йын ныххуынчъытӕ кодта йӕ машинӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны МХМ-ы пресс-службӕ.

Эльхоты цӕрӕг кардимӕ балӕбурдта йӕ фынӕй ӕмхъӕуккагмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Эльхоты цӕрӕг кардӕй ныццавта йӕ фынӕй ӕмхъӕуккаджы

Полици ӕрцахста ӕхсӕджы, фӕцӕфуӕвӕджы та фӕхӕццӕ кодтой рынчындонмӕ. Барадхъахъхъӕнджытӕ сбӕлвырд кодтой, поселок Заводскойы 28-аздзыд цӕрӕджы зӕрдӕмӕ кӕй цыд дзӕуджыхъӕуккаг чызг ӕмӕ иу ӕм арӕх ӕрбацыд бирӕуӕладзыгон хӕдзары кӕртмӕ.

Сыхаг лӕппутӕ уый аккагыл нӕ банымадтой ӕмӕ йӕ бафӕдзӕхстой, цӕмӕй мауал фӕзына сӕ кӕрты. Нӕлгоймӕгты ӕхсӕн бацайдагъ конфликт. Иу мӕйы фӕстӕ мӕсты курӕг ӕрбаздӕхт хъуыддаг равзарынмӕ йӕ хӕстӕджы автомат ӕмӕ пистолетимӕ.

"Кӕрты дзы баййӕфта ӕрмӕстдӕр иуы ӕмӕ хылы рӕсӕджы фелвӕста пистолет ӕмӕ йын фехста йӕ къах. Фӕцӕфуӕвӕг фӕтагъд кодта ӕхсӕгӕй йӕхи бааууон кӕнын. Фыдгӕнӕджы раз фӕцис машинӕ, цы ран уый размӕ бадтысты йӕ ӕфхӕрджытӕ иууылдӕр. Машинӕ афтид кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнгӕйӕ, ӕрыгон лӕппу систа автомат ӕмӕ йӕ ныххуынчъытӕ кодта", — загътой МХМ-ы.

Уый фӕстӕ нӕлгоймаг йӕхи бааууон кодта, фӕлӕ йӕ полицийы кусджытӕ ссардтой цыбыр ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ йӕ бакодтой ахӕсты.

Цауы фӕдыл баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0