Риойы Олимпиадӕ гӕнӕн ис ӕмӕ Гозымты Хетӕгӕн суа фӕстаг

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæI Европейские игры. Вольная борьба. Мужчины. Первый день
I Европейские игры. Вольная борьба. Мужчины. Первый день - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсмены фӕнды сисын паузӕ ӕмӕ уый фӕстӕ райсын ӕлхынцъон скъуыддзаг карьерӕ адарддӕр кӕныны тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Ис гӕнӕн ӕмӕ Риойы Олимпиадӕ суа фӕстаг ирон богал Гозымты Хетӕгӕн, фыссы 15 регион.

Сослан Рамонов, завоевавший золотую медаль на XXXI летних Олимпийских играх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæу Риойы уæлахиздзаутыл сӕмбӕлд лӕвӕрттӕ ӕмӕ концертимӕ

Хетӕг Олимпиадӕйы хъахъхъӕдта Азербайджаны кад, ссис олимпиадӕйы ӕвзист призер.

"Раздӕр ӕз загътон мӕхицӕн, Хъӕзтытӕ кӕй хъуамӕ суой фӕстӕгтӕ мӕ карьерӕйы. Фӕлӕ мӕ ныр хъуыды кӕнын дӕр нӕ фӕнды, мӕ уарзон хъуыддагыл къух сисын. Зӕгъын, хъӕбысхӕст кӕй уадзын ӕмӕ мӕ карьерӕйӕн хӕрзбон зӕгъын, мӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ зын у психологон цӕстӕнгасӕй", — загъта спортсмен журналисттӕн Дзӕуджыхъӕуы.

Уый бафтыдта, кӕй йӕ фӕнды нырма баулӕфын ӕмӕ сабыр уавӕры аскъуыддзаг кӕнын мӕ дарддӕры къахдзӕфтыл спортивон карьерӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0