Депутаттӕ ӕрӕвнӕлдтой сӕ куыстмӕ сӕрдыгон улӕфтыты фӕстӕ

© Sputnik / Алексей КовалевПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Каникулты фӕстӕ фыццаг рабадты депутаттӕ ӕркӕсдзысты уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг бадзырдты ратификацийы, координацион центры сырӕзты ӕмӕ таможнӕйон органты ӕмгуыстады фӕдыл закӕтттӕм.

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент ӕрӕвнӕлдта йӕ куыстмӕ улӕфтыты фӕстӕ, фӕззыгон сессийы фыццаг рабадт уагъд ӕрцӕудзӕн иннӕ къуыри, загъта Sputnik закондзинад, закондӕттынад ӕмӕ бынӕттон хӕдразынады фӕдыл парламентон комитеты сӕрдар Коцты Олеся.

РХИ парламенты депутаттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Депутаттӕ сӕ каникултӕ арвитдзысты ӕвзарджытимӕ ӕмбӕлгӕйӕ

Закондӕттӕн орган ацыд каникулты июлы кӕрон, фӕстаг рабадты уый ӕркаст ивгъуыд аз министрты кабинеты бакӕнгӕ куысты хатдзӕгтӕм ӕмӕ йӕ банымадта æнæзæрдæмæдзæугæйыл.

Сӕ улӕфты рӕстӕджы депутаттӕ хъуамӕ арӕзтаиккой фембӕлдтӕ, цы микрорайонтӕм сты фидаргонд, уым цӕрӕг ӕвзарджытимӕ.

"Депутаттӕ рахызтысты сӕ куыстмӕ каникулты фӕстӕ. Иннӕ къуыри уагъд ӕрцӕудзӕн фӕззыгон сессийы рабадт, цы ран нывӕзты ис ӕркӕсын РХИ ӕмӕ УФ-йы мидхъуыддӕгты министрӕдты ӕхсӕн бадзырды ратификацийы фӕдыл законмӕ, афтӕ таможнӕйон органты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды ратификацимӕ", — загъта Коцты Олеся.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ноджы ма цалдӕр законы проекттӕ ӕрбацыдысты хицауадӕй, парламент ма ӕркӕсдзӕн МХМ-ы хаххыл проекттӕм дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0