Хӕцӕнгарзӕй базаргӕнджытӕн стӕрхон кодтой Цӕгат Ирыстоны

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæСотрудники специального отряда быстрого реагирования
Сотрудники специального отряда быстрого реагирования - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кокойты Иван, Уалыты Лери, Джиджойты Сослан ӕмӕ Тыбылты Борисӕн аскъуыддзаг кодтой 2,5 - 3 азы ахӕстоны фӕбадын.

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны тӕрхондон стӕрхон кодта цыппар хӕцӕнгарзӕй базаргӕнджытӕн, кӕцытӕ фыдгӕнон къорды сконды бирӕ рӕстӕг ифтонг кодтой мӕлӕтхӕссӕг гӕрзтӕй бынӕттон "сау базар", хъусын кӕны Уӕрӕсейы ӔФС-йы управленийы пресс-службӕ.

Фигуранты æрцахстой паддзахадон арæны сæрты рахизыны рæстæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Иры стæрхон кодтой цхинвайлаг нæлгоймагæн хæцæнгарзы контрабандæйы тыххӕй

Кокойты Иван, Уалыты Лери, Джиджойты Сослан ӕмӕ Тыбылты Борис нымад ӕрцыдысты аххосджынтыл хӕцӕнгарз ӕнӕзакононӕй уӕй кӕныны хъуыддаджы ӕмӕ сын аскъуыддзаг кодтой 2,5 — 3 азы ахӕстоны фӕбадын.

Фыдгӕнон къорды хайадисджытӕ сты 22-39 азты кары. Сӕ архайдӕн сын кӕрон скодтой ӔФС ӕмӕ МХМ-ы кусджытӕ, кӕцытӕ сӕ ӕрцахстой фыдгӕнон бадзырд аразыны рӕстӕджы.

"Афтӕмӕй, бирӕкъахдзӕфон комплексон сӕрмагонд операци уадзыны рӕстӕджы кӕрон ӕрцыд фыдгӕнон къорды архайдӕн, кӕцы дӕргъвӕтин рӕстӕг кодта сусæгархайд ӕмӕ йын уыд бындурон позицитӕ хӕцӕнгарзы "сау базары", — банысан кодтой ӔФС-йы управленийы.

Уагдоны ма фехъусын кодтой, сӕ цӕрӕн бынӕттӕ басгӕрсты рӕстӕджы азымджынтӕм кӕй ссардтой 20 Калашниковы автоматттӕ ӕмӕ 200-мӕ ӕввахс хӕстӕрмӕджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0