Тыбылты Леонид схорзӕхджын кодта Уацамонгӕйӕ Рӕмонаты Сослан ӕмӕ йӕ тренерты

© Sputnik / Диана КозаваНаграждение олимпийского чемпиона Сослана Рамонова
Награждение олимпийского чемпиона Сослана Рамонова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Олимпиаг чемпион ӕмӕ йӕ тренертӕн ӕртыццӕджы цыт кӕнынц Цхинвалы.

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik, Козаты Диана. Рӕмонаты Сосланы, Тедеты Дзамболаты ӕмӕ Мӕргъиты Анатолийы схорзӕхджын кодтой орден Уацамонгӕйӕ. Уӕлдӕр ӕфсӕддон хорзӕхтӕ сын радта Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид.

Встреча Рамонова в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕмонаты Сосланыл сӕмбӕлдысты кӕфтытӕ ӕмӕ уӕлибыхтимӕ

Рӕмонаты Сосланӕн, уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг ӕмӕ олимпиаг чемпионӕн ӕртыццӕджы цыт кӕнынц Цхинвалы. Спортсмены йӕхимӕ райста президент, стӕй уый сӕвӕрдта дидинтӕ горӕты 5-ӕм скъолайы кӕрты мемориалон уӕлмӕрды, бацыд ХИПУмӕ. Ныртӕккӕ Алина Кабаевайы номыл спорты галуан "Олимпы" уагъд цӕуынц цытджын мадзӕлттӕ спортивон архайджыты хайадистӕй.

Уацамонгӕ у Хуссар Ирыстоны иууыл бӕрзонддӕр хорзӕх. Уый лӕвӕрд цӕуы "хӕстон рӕстӕджыты хъӕбатырдзинад равдисыны ӕмӕ сгуыхтдзинӕдтӕ саразыны тыххӕй, афтӕ ма хӕсты фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныны хъуыддагмӕ стыр хайбавӕрд бахӕссыны тыххӕй".

Ног хабӕртты лентӕ
0