Ирон спортсмен рамбылдта дыууӕ майданы Подмосковьейы Паралимпиадӕйы

© Архив Чермена КобесоваОсетинские паралимпийцы Чермен Кобесов (слева) и Гоча Хугаев
Осетинские паралимпийцы Чермен Кобесов (слева) и Гоча Хугаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кобесты Чермен рамбылдта ӕвзист ӕмӕ бронзӕ майдантӕ уӕрӕсейаг Паралимпиадӕйы рӕстӕджы Подмосковьейы. Турниры ирыстойнаг спортсмен равдыста дыккаг фӕстиуӕг 400 метры лидзынӕй ӕмӕ ӕртыккаг бынат та 100 метры дистанцийы.

ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik, Сабеты Аланӕ. Ерысты фыццаг бон ирон рогатлет Кобесты Чермен рамбылдта дыууӕ майдан лидзынӕй, дыккаг бон та равдыста ӕртыккаг фӕстиуӕг дӕргъмӕ гӕппытӕй.

"Райстон ӕртыккаг бынат, уымӕн ӕмӕ фыццаг гӕппы рӕстӕджы бахъыгдардтон мӕ уӕраг — уымӕ гӕсгӕ мын нӕ бантыст уӕлдӕр бынат бацахсын. Дӕргъмӕ гӕппытӕй фыццаг ссис нӕхи Хуыгаты Гоча ", — загъта спортсмен.

© Архив Чермена КобесоваИрон спортсмен Кобесты Чермен
Осетинский спортсмен Чермен Кобесов на а Паралимпиаде в Подмосковье  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон спортсмен Кобесты Чермен

Чермен банысан кодта, турниры йӕхи хуыздӕр кӕй ӕнкъары лидзыны. Фӕлӕ алцыдӕр баст у ерыстимӕ.

"Мах цыппар азы нӕхи цӕттӕ кодтам ацы стартмӕ. Ӕмӕ дын фӕстаг бон куы байсынц фадат дӕ царды иууыл сӕйрагдӕр ерысты хайад райсын, уӕд адӕймаг райсы психологон хъӕндзинад. Мах фыдӕнхъӕл фестӕм, фӕлӕ ӕрӕмбырд кодтам нӕ фӕстаг тыхтӕ, цӕмӕй нӕ хъару бавзарӕм. Махӕн мӕ бон уыд хуыздӕр алидзын ", — банысан кодта паралимпиаг.

Кобесты Чермены ныхӕстӕм гӕсгӕ, Подмосковьейы турнир у фадат фенын кӕнын, Риойы та уӕрӕсейаг спортсментӕ ӕмбӕлонӕй хъахъхъӕдтаиккой сӕ бӕстӕйы кад. Спортсментӕн иууылдӕр ӕхсызгон у, Уӕрӕсейы президент Владимир Путины фӕрцы ӕнӕхъӕн дуне кӕй ссис ӕвдисӕн, уӕрӕсейаг паралимпийӕгтӕ кӕй нӕ басастысты.

Кобесты Чермен цӕры Эльхоты хъӕуы ӕмӕ йӕ ӕрвылбондӕр хъӕуы тренировкӕтӕм Дзӕуджыхъӕумӕ цӕуын, цы ран кусы рог атлетикӕйы иунӕг фӕзуат — спорты республикон галуан Манеж.

Дмитрий Бибилов на играх в Сочи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паралимпиаг Цхинвалӕй: фыдӕнхъӕл фӕдӕн, фӕлӕ мӕ ныфс нӕ асаст

"Махмӕ Ирыстоны, рог атлетикӕ спорты тынг популярон хуыз нӕу. Курдиатджын сывӕллӕттӕн алыхатт нӕ вӕййы фадат спорты ацы хуызӕй тренировкӕ кӕнын. Мах хъӕуы гом стадион рог атлетикӕйы нарæг фæндагимӕ ӕмӕ дӕргъмӕ гӕппыты секторимӕ, куыд ӕндӕр горӕтты. Мах ӕнӕхъӕн аз тренировкӕ кӕнӕм Манежы ӕмӕ профессионалон фӕзуатмӕ куы рахизӕм, уӕд нӕхи ӕндӕрхуызон фенкъарӕм ", — загъта чемпион.

Спортсмен загъта, йӕ царды сӕйрагдӕр сыгъзӕрин кӕй сты "бинонтӕ, хиуӕттӕ, хӕстӕджытӕ, нӕ республикӕ, нӕ егъау бӕстӕ".

Кобесты Чермен у йӕ ӕнæниздзинад цудыд кæмæн у, уыцы спортсменты ӕхсӕн лидзын ӕмӕ дӕргъмӕ гӕппытӕ кӕнынӕй дунейы чемпион ӕмӕ призер.

Ног хабӕртты лентӕ
0