Паралимпиаг Цхинвалӕй: фыдӕнхъӕл фӕдӕн, фӕлӕ мӕ ныфс нӕ асаст

© Сайт IWAS World GamesДмитрий Бибилов на играх в Сочи
Дмитрий Бибилов на играх в Сочи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг Бибылты Дмитрий иу ӕмӕ дыууӕ аз нӕ цӕттӕ кодта йӕхи сӕрдыгон Паралимпиаг хъӕзтытӕм Риомӕ, фӕлӕ йын уӕддӕр нӕ бантыст Бразилимӕ ацӕуын.

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik, Хъотайты Мария. Риойы Паралимпиаг хъӕзтытӕй УФ ӕмбырдгонды аиуварс кодтой политикон мотивтӕм гӕсгӕ ӕмӕ уыцы скъуыддзаг ӕвдисы ныгуылӕйнаг бӕстӕты ахаст Уӕрӕсемӕ, нымайы уӕрӕсейаг паралимпиаг ӕмбырдгонды уӕнг, хуссарирыстойнаг Бибылты Дмитрий.

Спортсмен уый адыл нӕ бахауд хъӕзтытӕм, кӕд ӕвзарӕн туры рӕстӕджы фондз хатт рацыд допинг-басгӕрст ӕмӕ йын иу хатт дӕр ӕвӕрццаг фӕстиуӕг нӕ разынд, уӕддӕр. Уымӕй дарддӕр ма Дмитрийӕн бар нӕ радтой хъӕзтытӕм ацӕуын, цалынмӕ Ӕхсӕнадӕмон паралимпиаг комитет уӕрӕсейаг ӕмбырдгонды аиуварс кодта, уымӕй бирӕ раздӕр.

Дзамбулат Тедеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Дзамболат: Сослан равдыста, хъӕбысхӕсты ирон скъола кӕй у дунейы иууыл хуыздӕр

"Ӕвзӕрстон турмӕ ацыдтӕн Чебоксартӕм. Допингы тыххӕй мӕ фондз хатты куы басгӕрстой, уый фӕстӕ мын ӕрхастой ӕнӕхъола ӕфсон — ядро ӕхсыны рӕстӕджы дам дӕ къух ахизы дӕ хъусы фӕрсты, ома ӕгӕр уӕлейау ӕвӕрд у. загътой мын, зӕгъгӕ, бынийаудӕрты ис дӕ къух. Бамбарын сын кодтон, армреслингӕй архайыны рӕстӕджы мӕ къух кӕй бахъыгдард ӕмӕ мӕ бон кӕй нӕу йӕ айст аивын. Фӕлӕ сӕм уый ӕмбӕлон аххосаг нӕ фӕкастис ӕмӕ мӕ нӕ бауагътой хъӕзтытӕм", — радзырдта спортсмен.

2015 азы Сочийы ӕппӕтдунейон хъӕзтыты рӕстӕджы Бибылты Дмитрий Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд командӕйӕн ӕрхаста ӕртӕ майданы — сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ бронзӕ. Спортсмены ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы хъӕзтыты дӕр йӕ къухайст уыд афтӕ, фӕлӕ ацы хиад уӕд тобӕ сӕвӕрыны аккагыл ничи банымадта.

"Раст ахӕм къухайстимӕ Сочийы хъӕзтыты рамбылдтон сыгъзӕрин майдан диск ӕхсынӕй, арц ӕхсынӕй та ӕрхастон ӕвзист майдан, ядро зыгъуытт кӕнынӕй та сдӕн бронзӕйон призер", — банысан кодта уый.

© Cайт IWAS World Games SochiБибылты Дмитрий (галиуӕрдыгӕй) Сочийы хъӕзтыты
Дмитрий Бибилов (слева) на играх в Сочи.  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Дмитрий (галиуӕрдыгӕй) Сочийы хъӕзтыты
Уыцы рæстæджы спортсмен аскъуыддзаг кодта, кæй архайдзæн Риойы Паралимпиадæйы.

"Бирæ рæстæг æмæ тынг тренировкæ кодтон Риойы сæрдыгон хъæзтытæм. Бон 4-5 сахаты нымадтон нормæйыл. Ацы хъæзтытæм уыдтæн тынг æввахс, фæлæ канд мæнмæ нæ, фæлæ ма аннæ паралимпиӕгтӕм æнæраст ахаст равдыстой æмæ нын ныссастой нæ пълӕнттæ", — хъаст кӕны Дмитрий.

Встреча Рамонова в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕмонаты Сосланыл сӕмбӕлдысты кӕфтытӕ ӕмӕ уӕлибыхтимӕ

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг спортсменты хъæзтытæм нæ уадзынц, уымæн æмæ йæ зонынц, аккаг ныхмæлæуджытæ кӕй сты æмæ та "цæхæркалгæ уæлахизтæ кӕй ӕрхастаиккой спорты бирæ хуызтæй".

Дмитрий ныр фондз азы йæхи цæттæ кæны ядро, арц æмæ диск æхсынæй. Фыццаг йæхи бафæлвæрдта 2010 азы паралимпиӕгты хсæн Уæрæсейы чемпионаты рог атлетикæйæ æмæ æртæ хуызæй дæр райста бронзæйон майдантæ. Иу азы фæстæ Уæрæсейы гом фыццагады ядро æхсынæй ссис дыккаг. 2013 азы та сисс УФ чемпионаты уæлахиздзау.

Ӕхсæнадæмон паралимпиаг комитет аиуварс кодта Уæрæсейы командæйы Паралимпиадӕ-2016-æй 7 августы. Ахæм уынаффæ рахастæуыд Ӕхсæнадæмон антидопингон агентады докладыл бакуысты фæстæ, кæцыйы хъусын кодтой уæрæсейаг спортсменты допингæй пайда кæнынимæ баст бирæнымæц фæткхалды цаутæ.

Паралимпиаг хъæзтытæ ацæудзысты 7 — 18 сентябры Бразилийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0